Уыцы фæрæзтæй сæ бон уыдзæн хæдзарæн техникæ балхæнын. Уымæй дарддæр ма сын бацæттæ кодтой æндæр лæвæрттæ – канцтовартæ, техникæ, уæлæдарæс æмæ хъазæнтæ. Акци «Чужих детей не бывает» традицимæ гæсгæ аразы Адæмон фронт ахуыры азы агъоммæ. Афтæмæй ахсджиаг æххуыс кæнынц бирæсывæллонджын æмæ фæкæсынхъуаг бинонтæн.
Адæмон фронты активисттæ сбæрæг кодтой, Дзæуджыхъæуæй Беслæнмæ æмæ Алагирæй Дзæуджыхъæумæ бæлццæтты чи ласы, уыцы автобусты куысты фæтк. Хъаст бахастой адæм. Куыд зæгъынц, афтæмæй автобустæ кæнæ дзаг вæййынц, кæнæ та линимæ æппындæр нæ рацæуынц. Мониторинджы хатдзæгтæм йæ цæст дардта не сфæлдыстадон къорд дæр. Бæлвырддæр радзурдзæн Касаты Наирæ. Изæры 5 сахаты, адæм фылдæр куы вæййы, уыцы рæстæг. […]
Уый тыххæй æрвылкъуырион аппаратон æмбырды фехъусын кодта вице-премьер Томайты Ирбег. Ныртæккæ цæстдарæн уадзæн пункт «Уæллаг Ларс» у гом. Республикæйы фæндæгтыл сæмбырд сты 440 уæзласæн машинæйы. Æмбырды ныхас цыди æндæр хъуыддæгтыл дæр. Мидхъуыддæгты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, къуыримæ Цæгат Ирыстоны æрцыди 150 фыдракæнды. Уыдонæй 55 сты телефонты уылты цæстфæлдахæн митæ. Æрдзырдтой ног ахуыры азмæ цæттæгæнæн мадзæлттыл дæр. […]
Адæмон фронты фæсивæдон къорд уым кусдзæн гуманитарон скълады. Къоппыты æмбырд кæндзысты продукттæ, медикаменттæ æмæ æндæр хъæугæ фæрæзтæ. Сæ куысты фыццаг бонтæй фæстæмæ, регионты Адæмон фронты бæрны районтæй волонтертæ раластой æртæ сæдæ адæймагæй фылдæры, сæмбырд кодтой æмæ арвыстой 50 мин гуманитарон дзæкъулы, стæй æфсæддонтæн 2 мины 2 сæдæ гуманитарон уæзæй фылдæр. Ныртæккæ сæм æххуысмæ цæуынц нæ […]
1943-æм азы, ацы бон, советон æфсæдтæ ныппырх кодтой немыцаг-фашистон æфсæдтæ. Курскы къæлæты цы тох æрцыд, уый аивта канд Фыдыбæстæйы стыр хæсты нæ, фæлæ ма дыккаг дунеон хæсты цыд дæр. 1943-æм азы сæрды стратегион хъæппæрис йæхимæ райста советон æфсад. Уыцы бонæй фæстæмæ немыц райдытой фæстæмæ цæуын. Курскы къæлæт сси æфсымæрон адæмыхæттыты иумæйаг уæлахиз. Æрмæст нæ республикæйæ […]
Мæн гспециалисттæ зæрдæ бавæрынц пенсимæ бафтауынæй, юридикон æххуыс бакæнынæй лæггæдтæ райсынæн кæнæ та фиддонтæ фæлхыгъдæй. Уыимæ фыдгæнджытæ ракурынц СНИЛС-ы, паспорты бæрæггæнæнтæ æмæ банчы картæйы номыр. Социалон фонды кусджытæ ма иу хатт зæрдыл лæууын кæнынц – макуы хъусын кæнут уæ сæрмагонд бæрæггæнæнтæ! Нæ хъæуы æууæндын интернеты алыхуызон хъусынгæнинæгтыл, пенсиисджытæн кæнæ сывæллæттимæ бинонтæн цыма дзыллон фиддонтæ æмбæлы, […]
Тыллæг сæфы хи цæхæрадæтты дæр, стæй быдырты дæр. Ныртæккæ цæттæ кæнынц, зæххы бынты цæуæг дыууæ резервуары. Уыдон хъуамæ уавæр фенцондæр кæной. Куыддæр уарынтæ райдайой, афтæ хъæутæм дон кæцæй кæлы, уыцы донгуырæнтæ дæр дзаг кæндзысты. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ. Дыгуры районы Къора-Урсдоны цæрджытæ æнæ донæй цæрынц мæйы бæрц. Донимæ лыггæнинаг фарстатæ бæлвырд фæткмæ гæсгæ цыма […]
Адæм республикæмæ æрбацæуынц куыд сыхаг регионтæй, афтæ бæстæйы иннæ субъекттæй дæр. Афтæмæй абон Цæгат Ирыстоны стыр æргом здæхт цæуы туризмы райрæзты къабазмæ – арæзт цæуынц алыхуызон уавæртæ. Уазджытæ фылдæр æвзарынц, республикæйы алы кæмтты цы ног фæлгæсæн фæзтæ æмæ арт-объекттæ ис, уыдон. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ. Рæсугъд хæххон пейзажтæ, гуылфæг цæугæдæттæ, сыгъдæг уæлдæф æмæ хæрзад […]
Республикæйы сæргълæууæг йæ телеграм-каналы йæ хъуыдытæ загъта, Уæрæсейы Президент Владимир Путины балцы тыххæй Цæгат Ирыстонмæ. Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй бæстæйы разамонæджы цыд нæ республикæмæ бирæ хъуыддæгтыл дзурæг у. Фыццаджыдæр та – 2004-æм азы теракты амæттæгты ном ссарыныл.
Кæй фæндыд, уыдонæн уыд, профессионалты æххуысæй сæхи саив кæныны, стæй адæймагæн йæхимæ базилыны тыххæй информаци базоныны фадат. Ахæм мадзæлттæ арæзт цæуынц къуыри 2 хатты: ныфхуыдæй, ныв кæнынæй, къуымбил æмæ æлыгимæ кусынæй дæсныйадæвдисæг ахуыртæ æмæ æндæр пайдайаг хъуыддæгтæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ. Рæсугъд сæрыфаст скæнын, маникюр сног кæнын, иу дзырдæй, хи æцæг сылгоймагæй банкъарын. Уый тыххæй […]
Куыстытæ райдыдтой ивгъуыд азы кæрон æмæ дихгонд æрцыдысты 3 къæпхæныл: æфсæнбетон конструкцийæн монтаж скодтой, сног кодтой къæсæртæ æмæ бацæттæ кодтой парапет. Куыстытæ æххæстгонд цæуынц муниципалон программæ «Аивдзинады æмæ цъæх фæлыстмæ» гæсгæ. Хъуамæ сæ фæуой азы кæронмæ, фæлæ подрядон организацийы минæвæрттæ зæрдæ æвæрынц, объект раздæр кæй сцæттæ кæндзысты, уымæй.
Уæвгæ йæ байгом кодтой 2020-æм азы. Йæ бындуры æвæрд ис стыр дур. Йæ фарсыл ын скъоладзаутæ, хæстмæ цæугæйæ, ныкъкъахыр кодтой сæ нæмттæ. 14 лæппуйæ 12 нал сыздæхтысты хæсты быдырæй. Уый уыди стыр зындзинад æнæхъæн хъæуæн дæр. Сæ нæмттæ бæззадысты нæ республикæйы историйы. Цыртдзæвæн байгом кæныны кадджын мадзалы архайдтой бынæттон цæрджытæ, лæппуты хæстæджытæ, хъæуы æмæ районы […]
Программæмæ гæсгæ, Кæсæг-Балхъары Республикæйы фæстæ, уыд Цæгат Ирыстоны. Президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы Федералон зылды Юрий Чайкæ æмæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлоимæ Владимир Путин ссардта, террористты къухæй чи фæмард, уыцы адæмы рухс нæмттæ. Владимир Путин бацыд «Зæдты Горæты» мемориалон комплексмæ. Уым ныгæд сты, 2004-æм азы теракты амæттæгтæ. Дарддæр президент дидинджытæ сæвæрта «Хъыджы Бæласыл», стæй […]
Лескен сбæрæг кодта йæ 160 азы бон. Хъæуы истори у хъæздыг. 700 лескенаджы архайдтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Ам уыд республикæйы стырдæр совхоз. Хъæуы хæуыздæр традицитæ ныр дæр рох не сты. Æххæст сæ кæнынц нырыккон фæлтæр. Йæ хиуæтты æнæниздзинады, йæ бинонты фæрнджын царды тыххæй, йæ уарзон хъæу Лескены рæсугъд фидæныл кувы хъæуы хистæр Цъеуты Кямал. Йæ […]