Цыфæнды афондæр йæ бон у ахуыссын
Рæстæмбис бæрæггæнæн республикæйы сси 10%-æй гыццыл фылдæр
Хаст æм æрцыд 100 куыстæй фылдæр
Районты цæрджытæй курдиатджындæр сылгоймæгтæ æндахæй нывæндынц Цæгат Ирыстоны картæ
Æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ, 4 мин метры бæрзæндыл альпинист фæци уæззау цæф, уымæ гæсгæ йæхи бон æрхизын нал бацис
Инспектортæ бæрæг кæнынц фæндаггон змæлды фæтк чи не ххæст кæны, ахæм шофырты
Республикæйы цæрджытæн алы къабæзты куысты ныллæуыны фадат радтой 70 куыстдæттæджы
Акцийы архайдтой хицаудзинады оргæнты минæвæрттæ, ирон адæмы уæлдæр совет «Иры Стыр Ныхас»-ы уæнгтæ, барадхъахъхъæнджытæ æмæ зындгонд спортсментæ. Уыдон скъоладзаутæн радзырдтой æнæниздзинадæн зианхæссæг миниуджыты тыххæй. Фæстæдæр сын равдыстой документалон киноныв тамакойы, наркотикты æмæ карз нозты тыххæй. Акци саразыныл бакуыста хæрзаудæн фонд «Спасательный круг».
Алы куыстуæтты минæвæрттæн кадджын хæрзиуджытæ радтой Хицауады Сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ æмæ республикæйы Сæргълæууæджы уынаффæгæнæг Тугъанаты Ларисæ. Мадзалы ма кад кодтой профессионалон дæсныйады Æппæтуæрæсеон конкурсы регионалон къæпхæны уæлахиздзаутæн. Ацы аз арæзт цæуы 9 традицион æмæ 6 сæрмагонд номинацийы. Цæгат Ирыстоны куыстуæттæ архайдтой 10 номинацийы. Проекттæм æркастысты эксперттæ, æмæ жюри равзæрста хуыздæрты.
Уæгъд рæстæг æрвитынæн æмæ фæллад уадзынæн сæрмагонд бынæттæ. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы адæмон программæ æххæст кæнгæйæ, арæзт æрцыд фæлладуадзæн зонæтæ аив кæныны мониторинг. Ныртæккæ куыст цæуы Беслæны Терчы былгæрæтты. Аив ма кæнынц сквер «Треугольник». Куыстытæ фæуыдзысты 2025-æм азы. Бæстондæр радзурдзæн Касаты Наирæ. Арæзтадон техникæ сабыргай афтид фæзæй аразы стыр парчы зонæ. Беслæны Терчы былгæрон саив кæныны […]
Иумæ æмæ æнгомæй 67 азы дæргъы. Дохтыр æмæ педагог сты нæ программæйы дарддæры æрмæджы хъайтартæ. Сæхи дæнцæгæй æвдисынц, куыд ахсджиаг у бинонты хæзнатæ хъахъхъæнын. Уæлдай ахсджиагдæр та уый у ацы аз, уымæн æмæ 2024-æм аз Уæрæсейы расидтысты Бинонты афæдзæй. Дæнцæгæн хæссинаг бинонты тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Гаглойты Светланæ. 2024-æм аз Уæрæсейы бинонты азыл нымад кæй æрцыд, […]
Ам бабæрæг кодтой бинонтæн æххуысы центр «Амонд». Фонды минæвæрттæ хæрзаудæн компани «Дрим»-ы уæнгтимæ радзырдтой сæ куысты тыххæй, бæлвырддæр та – сывæллæттæн æххуысы мадзæлтты тыххæй. Центры хъомылгæнинæгтæн балæвар кодтой алыхуызон кусæнгæрзтæ, уазалгæнæнтæ æмæ гæрзтæ хсæнтæ. Сывæллæттæ та уазджытæн бацæттæ кодтой концерт. Хъуыстысты дзы национ мелодиты зæлтæ, æмдзæвгæтæ, æмæ зарджытæ. Хæрзаудæн акци аразджыты номæй алы сывæллон дæр […]
Баст уыди наркотикты æмæ се нæзакъон зилдухы ныхмæ тох кæныны бонимæ. Фембæлды архайджытæ акцийы райдиан арвмæ суагътой урс шартæ, Севастополы æмæ Дагестаны терактты амæттæгты номыл. СПИДы ныхмæ тохы æмæ профилактикæйы республикон центры минæвæрттæ, хæрзаудæн фонд «Спасательный круг», Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академи, стæй зындгонд спортсментæ фæсивæдмæ фæсидтысты, цæмæй æмхиц кæной æнæниз цардыуагмæ, зоной зианхæссæг фæзындтытæ […]
Дзанайты Азанбеджы номыл аивадон училищæйы къулыл номарæн фæйнæг байгом кодтой Цæгат Ирыстоны Автономон Советон Социалистон Республикæйы культурæйы министр Ужегаты Солтанæн. Паддзахадон архайæджы ном хъуыстгонд у куыд нæ республикæйы, афтæ æндæр рæтты дæр. Историйы ахуыргæнæг, культурæйы министр æмæ нæ республикæйы фæсивæдон библиотекæйы разамонæг… Цыфæнды бæрнон бынаты дæр йæ хæстæ æххæст кодта иттæг хорз. Уый иу, иннæмæй […]