Инспектортæ бæрæг кæнынц фæндаггон змæлды фæтк чи халы, ахæм шофырты. Закъонхалджытæ баййафынц барадон æфхæрд. Фæндæгтыл æдасæй цæуыны автоинспекцийы специалисттæ ахæм профилактикон мадзæлттæ æххæст кæнынц арæх. Республикæйы территорийы сæвæрдтой сусæг цæстдарæн камерæтæ. Статистикæмæ гæсгæ, фæндаггон змæлды фыдбылызтæ æппæтæй арæхдæр вæййынц комкоммæ фæндагмæ рацæуыны аххосæй.
Уæрæсейы Президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы федералон зылды Юрий Чайкæйæн уыди цæрджытимæ фембæлд. Мадзалы архайдта РЦИ-А Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Владимир Путины хæслæвæрдмæ гæсгæ фембæлды каст æрцыди Майрæмададжы цæрæг сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæджы курдиатмæ. Куры, цæмæй йын йæ хæдзар газуадзæн хызтæм баиу кæнынмæ баххуыс кæной. Сергей Меняйло фехъусын кодта, уыцы фарста лыггонд кæй æрцæудзæн социалон газификацийы […]
Бæлвырд фæтк, дисциплинæ æмæ фидар удыхъæд. Цæгат Кавказы Суворовон æфсæддон училищæйы 31 рауагъдоны райстой аттестаттæ. Ахуыргæнæндонæн уый у 22-æм рауагъд. Лæппутæн сæ фылдæр фæнд кæнынц æфсæддон карьерæ скæнын, æмæ сæ ахуыр адарддæр кæнын. Курсантты хсæн ис сызгъæрин майданты хицæуттæ æмæ спорты мастертæм кандидаттæ. Чехойты Фатимæйæн ныхасы бар. Ацы фæсивæдæн сæ рауагъдон мадзал у æндæр хуызæн. […]
Хаст æм æрцыдысты архивон къамтæ æмæ документтæ. Æвдисæг сты нацистты фыдракæндтæ сабыр цæрджыты ныхмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг. Проект «Без срока давности» арæзт æрцыд нæ истори бахъахъхъæныны тыххæй. Ирдæй дзы вдыст цæуынц Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты нацистты æмæ се ххуысгæнджыты геноциды амæттæгтæ. Равдыст саразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй. фæстаг дæсгай азтæм дуне тынг аивта. Бирæ фæсарæйнаг […]
Уыд Цæгат Ирыстоны Парламенты цыппар æмбырды депутат. Токаты Харитоны чызг Людмилæйы схонæн ис, баивæн кæмæн нæй, ахæм специалистæй. Йæ ном Цæгат Ирыстоны историйы фыст æрцыд стыр дамгъæтæй. Уыд ныфсхаст æмæ фæлтæрдджын разамонæг. Йæ царды æмæ профессионалон фæндаг хъæздыг уыд ахадгæ æмæ æнæзæрдæхудт фæллойæ. Кæддæриддæр бæллыд йæ райгуырæн республикæйæн æмæ бæстæйæн лæггад кæнынмæ. Токаты Людмилæ уыд […]
Республикæйы Æхсæнадон палатæйы арæзт æрцыд æмбырд. Бæстон дзы æркастысты Цæгат Ирыстоны æвзарджыты бартæм. Официалон æгъдауæй сæ куыст райдыдтой 8 æвзарæн кампанийы республикæйы 4 районы æмæ Дзæуджыхъæуы. Уымæ гæсгæ штаб йæ куыст сног кодта. Æхсæнадон палатæйы фæзы æмæ алы муниципалон районы сарæзтой æхсæнадон штабтæ. Хаст æм æрцыдысты палатæйы уæнгтæ, юридикон æхсæнады, дзыллон фонормацийы фæрæзты минæвæрттæ, стæй […]
Бæрнон кусджытæ æркастысты ахсджиаг фарстатæм. Се хсæн – адæмæн æххуыс, субъекты социалон-экономкион рæзт, куыст дæттыны фарстатæ æмæ афтæ дарддæр. Бæлвырддæр та – сфидар кодтой фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнæг программæ 2024-2026-æм азтæн. Экономикон рæзты министры фыццаг хæдивæг Олег Быкадоров куыд фехъусын кодта, афтæмæй сæйрагдæр хæстæм хауынц ахадгæ системæйыл бакусын, адæмы барадон зонындзинæдтæ фæфылдæр кæнын, товарты, куысты æмæ […]
Афтæ фæзæгъынц зæронды кармæ фæцæрын у Хуыцауы лæвар. Ахæм лæварæй фæхайджын Мæрзойты – Хъиргъуыты Верæ. Сæмбæлд йæ 100 азы юбилейыл. Раарфæ йын кодта нæ телерадиокомпанийы сфæлдыстадон къорд дæр. Бæстондæр хабæрттæ Сосранты Жаннæйы сюжеты. Афтæ, хъазæнныхас кæнæгæйæ, адæмуарзонæй, йæ сæдæ азы боныл сæмбæлд Хъиргъуыты – Мæрзойты Верæ. Йæ юбилеймæ цы бирæ адæм æрбацыд, уыдон та æвдисæн […]
Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло йæ телеграмм-каналы арфæ ракодта Дзасохты Алыксандрæн, кадджын паддзахадон хæрзиуæджы тыххæй. Йæ зæрдæ йын фыццаджыдæр загъта фидар æнæниздзинад. Бæстæйы сæраппонд цы зæрдиаг фæллой кæны, уымæн ис бæлвырд æвдисæнтæ.
Адæмимæ хъæуы æмбарынгæнæн куыст кæнын, стæй байгом кæнын хъæуы оперативон штаб.
Экспозицимæ бахаста нывкæнынады 35 куысты
Ам зæгъын хъæуы уый, æмæ куыйтæ ахизынц бирæ цæлхдурты сæрты, адæмы ирвæзын кæнгæйæ
Уый къухы бафтыд паддзахадон программæ «Хъæуты территориты комплексон райрæзт»-ы æххуысæй
Чиныгмæ хаст æрцыдысты Уырыймæгты Алыксандры, Джыккайты Мураты, Гацъолаты Сергейы, Хестанты Бэлæйы æмæ Цæголты Иринæйы уацмыстæ