Мæскуыйы цæуы чингуыты фестиваль «Сырх фæзы». Арæзт цæуы фæндзæм хатт. Ацы аз уыдзæн æхсæз боны, кæронбæттæны та сараздзысты, Александр Пушкины райгуырдыл 220 азимæ баст мадзал. Бæстæйы сæйрагдæр фæз «Сырх фæзы» быруйы алыварс равæрдтой чингуытæ. Архайынц дзы куыд зындгонд рауагъдæдтæ, афтæ, ныридæгæн уыцы хъуыддаджы фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, ахæмтæ дæр. Ацы аз фестиваль сарæзтой театры азы […]
Тъæмисчъы цæуы æппæтуæрæсеон инклюзивон фæсивæдон ахуырадон форум «Æнæ арæнтæй». Райдыдта 1-æм июны. Проекты архайы 210 адæймаджы Цæгат Кавказы федералон зылдæй, Санкт-Петербургæй, Калининградæй, Грекъæй, Казахстанæй, Кыргызстанæй, Абхазæй æмæ Хуссар Ирыстонæй. Се хсæн сты, се нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы фæсивæд дæр. Фондз боны сын специалисттæ араздзысты ахуырадон тренингтæ, архайджытæ фембæлдзысты æхсæнады минæвæрттимæ, спортсментимæ, артисттимæ. Уымæй уæлдай […]