Уый тыххæй парламенты æмбырды фехъусын кодта профилон комитеты сæрдар Солиты Тариель
Амыдта йæ Уæрæсейы мидхъуыддæгты министр Владимир Колокольцев
Уый тыххæй хицауады æмбырды фехъусын кодта профилон министр Таматы Майрæн. Йæ фиппаинагмæ гæсгæ, æппæт 9 хъармдæттæг организацийы æмæ 8 муниципалитеты райстой цæттæдзинады паспорттæ. Хъармгæнæн сезон цæуы фидаргонд фæткмæ гæсгæ. Ныхас цыди, туризмы комитет куыд æхгæд цæуы, ууыл дæр. Хицауады сæрдар Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй комитеты кусджытæ рацæудзысты экономикæйы райрæзты министрадмæ. Æппæт специалисттæн дæр уыдзæнис […]
Цæгат Ирыстоны æмæ Приморьейы сæйраг горæттæ æфсымæронтæ систы 2009-æм азы
Мадзал арæзт æрцыд, «Транспортон куъыри» æххæст кæнгæйæ
Депутатты мандатты нымæц у 32
Партийы сæрдар архайдта Беслæны теракты саударæн мадзæлтты
Æвзарæн къамисты уæнгтæ райдыдтой кусын хъæлæс кæнынæн агъуыстыты
7-æмæй 9-æм октябрьмæ Федерацийы Советы ацæудзысты Цæгат Ирыстоны бонтæ. Баст уыдзысты ахсджиаг цаутимæ: нæ республикæйы сæвзæрды 100 азы, стæй Ирыстон Уæрæсеимæ куы баиу, уый 250 азы бонимæ. Организацион фарстатыл æрныхас кодтой, Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды. Нæ республикæйы номæй Федерацийы Советы уыдзæн бæрнон делегаци, йæ сæргъы регионы разамонæг Сергей Меняйло. Программæйы уыдзысты Федерацийы Советы комитетты уæрæхгонд […]
Æвзæрстытæ уыдзысты 7-æм æмæ 8-æм сентябры. Республикæйы уыдзæн 8 æвзарæн кампанийы. Къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ куыд загъта, афтæмæй арæзт цæуынц æппæт уавæртæ, цæмæй йе нæниздзинад цудыд кæмæн у, уыдонæн уа сæ бон сæ хъæлæсгæнæн бартæ сæххæст кæнын. Ахæм хъæлæсгæнджытæ ацы аз уыдзæн 37 минæй фылдæр. Схъæлæс кæнын сæ бон уыдзæн куыд хайæдты, афтæ сæ хæдзæртты […]
Архайдтой дзы Уæрæсейы Президенты æххæстбарджын минæвары æххуысгæнæг Цæгат Кавказы федералон зылды Сергей Никитин æмæ республикæйы муниципалон скондты сæргълæуджытæ. Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй республикæйы активонæй уагъд цæуынц национ проекттæ. Уый у сæйраг нысан, æмæ йæм республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло дары уæлдай цæстæнгас. Афæдзы райдайæнæй Цæгат Ирыстоны царды уагъд цæуынц 46 регионалон проекты, хауынц 12 […]
Боны фæткы – политикон партиты регионалон хайæдтимæ æмгуыстад хæдбар цæстдарды фарстаты фæдыл бынæттон хиуынаффæйады æвзæрстыты. Бафыстой бадзырд. Уымæ гæсгæ Æхсæнадон палатæ æмæ партитæ кæрæдзийæн араздзысты консультацитæ, исдзысты кæрæдзийы фæлтæрддзинад. Хъæлæс кæныны иумæйаг бонмæ Цæгат Ирыстоны бацæттæ кодтой 350 æхсæнадон цæстдарæджы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, æвзæрстытæ уыдзысты 7-æм æмæ 8-æм сентябры. Архайдзæн дзы 6 политикон […]
Ныхас цыд, бæстæйы президентимæ, Уæрæсейы Хицауады сæрдары хæдивджытимæ, æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнты разамонджытимæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн цы фембæлдтытæ уыд, уыдоны хатдзæгтæм гæсгæ хæслæвæрдтæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Дзанайты Барис сæрмагонд æргом аздæхта Цæгат Ирыстоны архайдмæ ног национ проектты æмæ бæстæйы райрæзты стратегион хъæппæристы. Федералон æмвæзадыл ацы фарстайыл ахадгæ куыст цæуы. Се ппæты хъæуы цыбыр рæстæгмæ […]
«Фæсивæдон информацион æвзарæн къамис». Цæгат Ирыстоны æвзæрстыты рæстæг æххæст кæндзысты ног æхсæнадон проект. Райдыдта ацы бонты, фæсивæды æппæтадæмон боны. Студентты волонтерты стыр къорд æвзарæн кампанийы агъоммæ æмбæлдзысты се мгæрттимæ, цæмæй сын радзурой æвзæрстыты ахсджиагдæр хъуыддæгты тыххæй. Стыр æргом здахдзысты хъæлæс кæныны хуызтæм, кæм æмæ куыд арæзт цæудзысты, участокты куыстмæ æмæ афтæ дарддæр. Зæгъдзыстæм ма уый […]