филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:55 четверг, 02 мая 2024
05 ноября 2015, 09:00
Дзуринӕгтӕ. Фарстытæ Туркæй Ирыстонмæ. 2 хай
Туркаг ирæттæй Ирыстоны рагæй фæстæмæ иууыл хуыздæр кæй зонынц, уый, æвæццæгæн Къуындыхаты Муссæ йæхæдæг, йæ фæстæ та йæ кæстæр фырт Бекир Сами. Фæлæ ирæттæй, Турчы цæргæйæ, æхсæнадон æмæ политикон царды йæ къухы стыр æнтыстытæ кæмæн бафтыд, уыдоны хсæн Бекир иунæг нæ уыди.

Туркаг ирæттæй Ирыстоны рагæй фæстæмæ иууыл хуыздæр кæй зонынц, уый, æвæццæгæн Къуындыхаты Муссæ йæхæдæг, йæ фæстæ та йæ кæстæр фырт Бекир Сами. Фæлæ ирæттæй, Турчы цæргæйæ, æхсæнадон æмæ политикон царды йæ къухы стыр æнтыстытæ кæмæн бафтыд, уыдоны хсæн Бекир иунæг нæ уыди.
Ирон адæмы минæвæрттæн Турчы сæ къухы стыр æнтыстытæ бафтыд, сæйраджыдæр, политикон æмæ æфсæддон хъуыддæгты. Æппæты фыццаг зындгонд инæлар Къуындыхаты Муссæйæн йæхицæн. Туркмæ куы афтыд лыгъд адæмы сæргъы, уæд ын, уырыссаг æфсады инæлар-майорæн, саккаг кодтой пашайы титул æмæ дивизийы инæлары цин. Разамынд лæвæрдта Турчы бæхджын æфсады къордæн. Фæлæ йе службæ бирæ нал ахаста. Йæ царды фæстаг бонтæ та Эрзерумы сахары арвыста.
Турчы ирæттæй политикон кариерæйы къæпхæнтыл æппæты бæрзонддæр схызт Къуындыхаты Муссæйы кæстæр фырт Бекир Сами. Уый гуыргæ Цæгат Ирыстоны ракодта Санибайы хъæуы, фæлæ уый дæр йæ фыдимæ бар-æнæбары афтыди Турчы бæстæмæ, райста иттæг хорз ахуырдзинад. Фыццаг уал Турчы, уый фæстæ та Парижы. Куыста иукъорд бæрнон бынæтты. Турчы республикæ куы расидтæуыд 1920-æм азы, уæд ссис йæ фæсарæйнаг хъуыддæгты фыццаг министр. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, стыр æнтыстыл нымайын хъæуы. Æнæмæнг зæгъыны аккаг у уый, æмæ Бекир кæд бынтон гыццыл сывæллонæй афтыд Туркмæ, уæддæр тынг хорз дзырдта йæ мадæлон æвзагыл. Цæмæй бæрæг у уый? Зындгонд куыд у, афтæмæй 1920-æм азы уалдзæджы уый, министр куы уыди, уыцы рæстæг æрцыди Дзæуæджыхъæумæ. Сæхимæ йæ бахуыдта, фæстæдæр зонадон -иртасæн институт кæмæй равзæрд, уыцы историон-филологон æхсæнад. Æмæ ам Къуындыхаты Бекир ирон ахуыргæндтимæ дзырдта сыгъдæг иронау. Йæ ныхас ма фыст дæр баййæфта. Мæнæ цытæ дзырдта Къуындыхы фырт: «Нæ зонын, бауырндзæн уæ æви нæ, фæлæ æз кæмфæнды дæр ма уыдаин, алыран дæр мæхи æцæгæлонæй æнкъардтон. Туркæгты хсæн дæр, европæйæгты хсæн дæр, æмæ æрмæст абон банкъардтон мæхи амондджын адæймагыл, уымæн æмæ фыццаг хатт дæн ме мтуг адæмы, ме фсымæрты хсæн. Мæнæн тынг ахсджиаг у, сымах уæ цард цы уагыл аразынмæ хъавут, уый зонын. Ме рцыды сæр дæр уый у. Фæнды мæ уæ фæндтæ базонын ,æмæ мæ бон цы у ,уымæй хохаг адæмæн баххуысс кæнын. Ноджы ма уын иу хатт бузныг зæгъын, ахæм кад мын кæй скодтат, уæлдайдæр та мын цы чингуытæ балæвар кодтат, уый тыххæй». Уыцы æрцыдæн ма Бекир фыццаг хатт Ирыстонмæ æрласта йæ фыдыхойы лæппу Мамсыраты Темырболаты, Ирыстоны фыццаг поэты æмдзæвгæтæ.
Бекир уыдис лыгъд адæмы фыццаг фæлтæрæй. Ис дзы, фæстæдæр чи фесгуыхт, ахæмтæ дæр. Сæ иу уыди Хъуысатæй. Æххæстæй йæ туркаг ном у Мехмет Музафер Аланкуш. Турчы æфсады службæйы уый схызти армийы инæлары цинмæ. 1961-æм азы ссис Турчы фистæгон æфсады разамонæг, 1961-æм азы та хъахъхъæнынады министр. Куыста Турчы республикæйы сенаторæй дæр. Цæргæ та Стамбулы кодта. Иннæахæм Тогызты Арслан Бозкурт. Уый дæр æфсæддон хаххыл ацыди. Йе стыр сгуыхтдзинæдты тыххæй хорзæхджын æрцыд Турчы æппæты уæлдæр хорзæхæй «Хæдбардзинады майданæй». Уыдис республикæйы парламенты депутат дæр.
Турчы æхсæнадон царды ирон адæмы минæвæрттæй кадджын бынат чи ахсы, уыдон абон дæр дзæвгар сты. Раздæрау, ныртæккæ дæр сæ фылдæр хай ис политикæйы, æфсæддон службæйы, фæлæ, культурæйы, бизнесы æнтыстджынæй чи архайы, ахæмтæ дæр дзы ис, æцæг, сæ нымæцæй уыдон къаддæр сты. Нæ абоны равдысты чи архайы, уыцы туркаг ирæттæн дæр Турчы стыр кад ис. Цæсгомджынæй йын фæлæггад кодтой царды алы къабæзты æмæ йын ныртæккæ дæр лæггад кæнынц. Фæлæ абоны бон уыдон сæ сæйраг хæсыл нымайынц кæстæр фæлтæрæн ирон æвзаг бацамонын, стыр сахарты цæргæйæ, Турчы бирæкультурон æмæ хъомысджын уылæнты сæхи национ удыхъæд цæмæй ма фесæфа, ууыл æппæт амæлттæй бацархайын. Æмæ сын уый нырма æнтысы. Фæлæ ацы хъуыддаджы сæ сæйраг ныфс Ирыстоныл дарынц. Сæхицæн уыйбæрц сæ бон кæй нæ бауыдзæн, ууыл æргомæй сæттынц. Уæдæ та сын Туркæй байхъусæм сæ хъуыдытæм. Ирыстонæн ацы хъуыддаджы йæ бон саразын цы у, уый тыххæй æмæ ма æндæр фарстытыл йæ хъуыдытæ дарддæр дзуры Бзарты Руслан.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania