филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:55 четверг, 02 мая 2024
19 ноября 2015, 09:00
Дзуринӕгтӕ. Фарстытæ Туркæй Ирыстонмæ. 3 хай
Дарддæр кæнæм нæ ныхас туркаг ирæтты тыххæй. Сæ цард сын иртасынæн бæргæ раздæр куы фæуыдаид фадат. Зæгъæм – иу 50 азы размæ, хъæуты ма куы цардысты, уыцы рæстæг. Уæд æнæмæнг нæ зонадон кусджыты къухы бирæ фылдæр æрмæг бафтыдаид.

Дарддæр кæнæм нæ ныхас туркаг ирæтты тыххæй. Сæ цард сын иртасынæн бæргæ раздæр куы фæуыдаид фадат. Зæгъæм – иу 50 азы размæ, хъæуты ма куы цардысты, уыцы рæстæг. Уæд æнæмæнг нæ зонадон кусджыты къухы бирæ фылдæр æрмæг бафтыдаид. Удварны хæзнатæ кæй хонæм, уыдон, ома зарджытæ, кæфтытæ, рагон ирон цæгъдтытæ, таурæгътæ. Æмæ материалон æрмæг дæр – алыхуызон кусæнгæрзтæ, хæдзарон мигæнæнтæ æмæ афтæ дарддæр.
Туркмæ ирæттæ къордгæйттæй цæуын куы райдыдтой, ууыл ныр 160 азы бæрц цæуы. Стыр нымадæй, историйæн, чизоны, уый афтæ стыр æмгъуыд нæу, фæлæ æцæгæлон бæстæйы цæрынæн та – уый дæргъвæтин рæстæг у, уымæн æмæ дзырд цæуы дæсгай фæлтæрты цардыл æцæгæлон бæстæйы. Уым, Турчы цæргæйæ, абоны онг ирон æвзагыл дзурæг кæй ис, ирон культурæйы æууæлтæ æмæ дзы фыдæлты æгъдау цæргæйæ кæй баззадысты, уый алыварсонæй дæр тынг цымыдисон фæзынд у. Турчы сын сæ мадæлон æвзагыл къорд азты дзурыны бар дæр нæ лæвæрдтой туркаг хицæуттæ ,иннæ ахæм сæ фыдæлты æгъдæуттæм гæсгæ цæрын ,æмæ ахæм уавæрты уый бæрц рæстæг хи национ удыхъæд бавæрын – уый канд диссаг нæ, фæлæ, æвæццæгæн, æмбисондæн дзуринаг дæр у. Ирыстоны ахуыргæндтæ куыд зæгъынц, афтæмæй, туркаг ирæттæн Ирыстон рагæй фæстæмæ сæ хъуыдыйы ныффидар, куыд сæ историон Фыдыбæстæ, афтæ. Ацы æнкъарæн фыццаг азты бынтон тыхджын уыди, цардæгас, зæгъгæ, афтæ схонæн дæр ын ис, уымæн æмæ лигъдæттæ сæ фæстæ цы бæстæ, цы адæмы ныууагътой, уый нырма сæхи цæстытыл рауай-бауай кодта. Иры бæстæ йæхи цæстæй чи нæ федта, уыцы фæлтæртæн та уый ссис, мæнæ цыма алæмæты дуне, афтæ. Иуныхасæй, Райгуырæн бæстæйы æнкъарæн сæ удты, сæ сæрызæндты афтæ арф æвæрд кæй у, уый æрмæстдæр сæхи руаджы, сæ историон уидæгтæ сын æппæты зынаргъдæр æмæ ахсджиагдæр кæй уыдысты æмæ кæй сты, уый фæрцы.
Турчы ирæттимæ бастдзинæдтæ сарæх сты 90-æм азты райдианы. Туркæй æрбафтæг адæмæй Ирыстоны хуыздæр базыдтой, не мзæххонтæ æцæгæлон бæстæйы куыд цæрынц, уый тыххæй. Уыцы зонæнтæ æнæмæнг цымыдисон уыдысты алкæмæн дæр, фæлæ сæ бындурыл нæ уыдис зонадон хатдзæгтæ аразыны фадат. Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасынæдты институтæн уый йæ къухы фыццаг хатт бафтыд æрмæстдæр 2013-æм азы. 10 боны дæргъы зонадон экспедици ахуыр кодта Турчы цæрæг ирæтты цард. Уал азы фæстæ ма сæм исты баззад сæ адæмы удварнæй æви нæ баззад? Фылдæр сын цы бантыст бавæрын æмæ цæй руаджы? Ацы æмæ бирæ æндæр фарстытæ цымыдис кодтой ирон ахуыргæндты. Дыккаг экспедицийы та цæгатирыстойнаг ахуыргæндтæ араст 2 азы фæстæ, 2015 –æм азы сæрды. Цы раиртæстой, уый фæдыл нырма дæр бæстон куыст цæуы зонадон институты, иуæй фарстыты фæдыл дзы æрмæг мыхуыргонд æрцыди республикон информацийы фæрæзты дæр. Уырдыгæй сбæрæг ахæм информаци дæр, зæгъгæ, гуманитарон æмæ социалон иртасынæдты институт фæнд кæны дыууæ экспедицийы æрмæджыты бындурыл егъау чиныг саразын. Уым алыварсонæй æвдыст æрцæудзæн туркаг ирæтты цард: Ирыстонæй сæ ацыды истори, абоны онг ма сæм национ удварны хæзнатæй цы баззад, уыдæттæ: мадæлон æвзаг, адæмон сфæлдыстад, музыкалон аивад æмæ афтæ дарддæр. Чиныг рацæудзæн 4 æвзагыл – ирон, уырыссаг, туркаг æмæ англисаг æвзæгтыл.
Ацы куыст æнæаргъæвгæ æмæ ахсджиаг уымæн у, æмæ ирондзинады æууæлтæ, хъыгагæн, бонæй-бон кадавардæр кæнынц туркаг ирæтты царды. Уый, сæйраджыдæр, баст у афтæхуыйнæг урбанизацийы прцессимæ. 30, 40 азы размæ дæр ма туркаг ирæттæн сæ фылдæр хай царди хъæуты. Æдæппæтæй дзы уыди, ирæттæ иумæ кæм цардысты, ахæм 30 хъæуы. Ныр ма дзы баззад æрмæстдæр 2. Ирон хъæу хуыйны Боялык, дыгур кæм цæрынц, уый та – Пойразлы. Иннæ ирон адæм аивылдысты стыр сахартæм. Уым та, бæрæг куыд у, афтæмæй тынг цыбыр кæнынц хæдбындур национ царды уаджы бонтæ.
Зонадон æгъдауæй туркаг ирæтты царды уаг, сæ культурæ цымыдисон тынгдæр уый тыххæй у, æмæ уым баззади мадæлон æвзаджы, афтæ ма аивады алы хуызты (музыкæйы, кæфтыты, зарджыты, адæмон сфæлдыстады) рагондæр хуызтæ. Ирыстоны уавæртæ уыцы рагон формæтæй дзæвгар фесæфти, революцийы фæстæ коммунистон идеологийы тыхджын æндæвдады кæй бахаудысты, уый фæстиуæгæн.
Абоны онг дæр нæ ахуыргæндты къухы бафтыд, Ирыстоны кæй нал зонынц, ахæм рагон цæгътытæ, кæфтытæ, зарджытæ ныффыссын, ирон æвзаджы ног ныхасыздæхтытæ æмæ афтæ дарддæр.
Зæгъын æмæбæлы уый, æмæ турчы цæрæг ирæттæ культурæйы ацы хæзнатæ кæй бавæртой, уый сгуыхтдзинадыл нымайын хъæуы. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ фыццаг рæстæджыты туркаг хицæуттæ сæ ног цæрджытæн æгæрыстæмæй сæхи æвзагыл дзурыны бар дæр нæ лæвæрдтой, 1960-æм азты онг ирон кафты лæппу æмæ чызг иумæ ракафыдаиккой, ирон фæндырыл цагътаиккой, уый фадат дæр сын нæ уыд. Пысылмон дин æппæты сæйрагдæрыл чи нымадта, уыцы адæм сын сæ разы ахæм ныхдуртæ æвæрдтой. Ныртæккæ уыдæттæ нал ис, бартæ фæзынд, фæлæ рæстæджытæ сæ кæнон бакодтой. Ирон традицион дин, ирон фынджы æгъдæуттæ, туркаг ирæттæн, афтæ зæгъæн ис, æмæ сæ зæрдыл бынтондæр нал лæууынц, ферох сты. Иннæмæй та, стыр сахарты цæргæйæ, тынг фæзын национ культурæ бахъахъхъæнын. Фæлæ туркаг ирæттæм разынд ахæм сæрæнгуырдтæ ,æмæ 1989-æм азы сарæзтой æхсæнадон организаци «Алан» æмæ сæрмагонд фонд. Æхсæнады уæнгтæ тынг активонæй архайынц ног фæлтæрæн мадæлон æвзаг бацамоныныл. Стипендитæ лæвæрд цæуы, ирон æвзаг сахуыр кæныныл зæрдиагæй чи архайы, уыцы студенттæн. Æхсæнадон организацийæнбастдзинæдтæ ис Ирыстоны культурæйы уагдæттимæ. Æрвыл аз дæр сæхимæ фæхонынц нæ зындгонд артистты. Ныр æртыккаг хатт нæ равдыстыты цы туркаг ирæттæ ныхас кæнынц, уыдон сты ацы æхсæнадон организацийы рæбинагдæр кусджытæ æмæ та сын ныхасы бар нæ кæронбæттæн равдысты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania