филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:14 суббота, 04 мая 2024
17 марта 2016, 21:05
Дзуринæгтæ. 15 азы æнæ Васойæ…
15 азы размæ йæ цардæй ахицæн 20 æм æнусы нæ культурæйы æппæты разагъды дæр лæг Абайты Васо. Йæ ном дæрдтыл куы айхъуысти æвзагзонынады, æнæхъæн дуне йын йæ куыстытæ куы базыдта, уæдæй фæстæмæ Абайы фырт ис, ацы къабазы йæ ныхас æппæты тынгдæр кæмæн кæрды, уыдоны хсæн.

15 азы размæ йæ цардæй ахицæн 20 æм æнусы нæ культурæйы æппæты разагъды дæр лæг Абайты Васо. Йæ ном дæрдтыл куы айхъуысти æвзагзонынады, æнæхъæн дуне йын йæ куыстытæ куы базыдта, уæдæй фæстæмæ Абайы фырт ис, ацы къабазы йæ ныхас æппæты тынгдæр кæмæн кæрды, уыдоны хсæн. Ис, зæгъгæ, афтæ дзурын рæдыд ныхас уаид, уымæн æмæ Абайы фырты куыстытæй цæвиттонтæ хæссыны индекс абон дæр у æппæты бæрзонддæр. Йæ удыгасæй Васойæн цыфæнды æфсонæй дæр йæ бон гæды ныхас зæгъын кæй нæ уыди, уымæй дæр у зындгонд. Æмæ йæ алы дзырдæн дæр ахæм стыр аргъ уымæн цыди, афтæ тынг уымæн бæллыд алы ахуыргонд, алы хуымæтæджы ирон лæг дæр Васоимæ фембæлынмæ. Йæ сæйраг куысты, йæ историон-этимологион дзырдуаты фыццаг том куы фæзынди 1958-æм азы, уæдæй фæстæмæ ирон адæмæн Васо у сæ кадгæнæг, сæ ныфс, сæ сæрылхæцæг, сæ хъахъхъæнæг. Афтæ уыдис йæ удæгасæй, афтæ у ныр дæр.
Васо йæ адæмæй рæвдыдцухæй нæ ацыдис. Къоста ма уыдис æрмæст ахæм кадджын йæ цæсты, æндæр сæм æввахс ничи лæууы, ирон адæммæ та бирæ номдзыд æмæ кадджын адæймæгтæ уыдис. Æмæ æрмæст культурæйы архайджытыл нæ цæуы ныхас – инæлæрттæ, хæстон æмæ адæмон хъайтартæ, паддзахады лæгтæ æмæ афтæ дарддæр. Æмæ Ирыстон дунейы хуыздæр культурæты æмвæзадмæ йæ удварны хæзнатæ руаджы кæй схызти, уый æвдисы, ирон адæмы удыхъæд кæцырдæм арæзт у, уый – цивилизацийы фæндагыл цæуынмæ, æгъдау æмæ намыс фыццаг бынаты кæй æвæры ,уый æвдисæн у. Æмæ уымæй ирон адæм лæууы æппæты размæдзыддæр адæмты рæнхъы. Уый алкæй къухы не фты. Къоста æмæ Васо ирон адæмы уыцы бæрзæндмæ систой æмæ ныффæдзæхстой ,цæмæй ацы кадджын бынатæн аргъ кæной æмæ йæ макуы фегад кæной.
Васойыл дзургæйæ, зæрдæ æдзухдæр домы, цæмæй сыл ,æцæгдæр, кой цæуа Хетæгкаты Къостаимæ иумæ. Ахæм стыр аргъ кæй кодта Васо Иры генион поэтæн, уый дæр уæдæ æнæнхъæлæджы нæу. Канд йæ диссаджы поэзийæн нæ ,фæлæ йæ уды сыгъдæгдзинадæн. Васо дæр, Къостайау, йæ адæмыл, йæ Райгуырæн бæстæйыл йæ амæлæтмæ уыдис æнувыд, йæ уд, йæ зонды тых сын никуы бахæлæг кодта, йæ удварныл иу уысм дæр гадзрахатæй никуы рацыди. Афтæ зæгъæн ис, æмæ æнæхъæн 20-æм æнус Абайты Васо ирон адæмæн уыдис сæ зонды æмæ сæ удварны цырагъ. Дыууæ миниуæджы иумæ. Æмтадæй. Афтæ куынæ уыдаид, уæд Васо ирон адæмæн ахæм зынаргъ, чизоны, нæ уыдаид æмæ нæ уаид.
Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуаты фыццаг том мыхуыры фæзынди 1958-æм азы. Фæстаг, 5-æм том та 1995-æм азы. Васойы егъау зонадон фæллæйтты хсæн ацы дзырдуат æппæты сæйрагдæр кæй у, уый æппындæр дызæрдыккаг нæу. Йæ автор æй йæхæдæг дæр афтæ нымадта. «Мæ бон цас уыд, уыйас архайдтон, ирон æвзаг дунеон наукæмæ цæмæй бахауа, ууыл. Дунеон наукæ та канд уырыссаг æвзагыл нæу ,фæлæ англисаг, францаг, немыцаг.
Алкæддæр тырныдтон, цæмæй ахуыргæндтæ сæ хъус æрдарой ирон æвзагмæ. Мæнæ Дюмезиль нæу? Уый бирæ сарæзта, фæлæ йын æз дæр æххуыстæ бакодтон», – дзырда Васо, йæ цардæй куы ахицæн ,уымæй цалдæр мæйы размæ. Æмæ цæмæ тырныдта ,уый йæ къухы бафтыди. Йæ дзырдуат уыдис ног фæзынд æвзагзонынады дунейы. Йæ дзырдуаты алы статья дæр, зындгонд ахуыргонд – этнограф Калоты Барисы ныхæстæм гæсгæ у зонадон фæзынд.
Æмæ канд зонадон æгъдауæй нæу диссаг ацы чиныг. Уый у ирон адæмы истори дæр. Абайты Васо æвзаджы фæрæзты руаджы сбæлвырд кодта ирон адæмы историйы равзæрд- скифаг-сарматаг дунейы иунæг баззайгæ схъис кæй у, уый.
Биазырты Кромвелы ацы интервьюйы фæстæ Абайты Васо йæ хъуыдытæ æргомæй никуыуал загъта. Хъыгагæн, уый фæстæ афæдз дæр нал ахаста. Уымæ гæсгæ ацы фембæлды рæстæджы йæ ныхæстæн цыма куыддæр ахсджиагдæр сты, афтæ кæсы адæймагмæ.
Абайты Васо æнус фæцарди. Хуыцауы рæдау лæвар ирон адæмæн ,ирон культурæйæн! Фылдæр азтæ – фылдæр хъуыддæгтæн! Фæлæ Васойы цардвæндаг алы хатт лæгъз нæ уыди – йæ зонадон хъуыдыйы рæстдзинад цæмæй уæлахиз кодтаид ,цæмæй нымад æрцыдаид ,уый тыххæй йæ хъуыдис фæндæгтæ гæрдын. Йæ æрдзон курдиат æмæ æнæфæтасгæ принципты руаджы. Интригæтæ, хъаугъатæ, фыдгойтæ, хæлæг –æппæт адæтты сæрты хъуыдис хизын. Ахæм рæстæг дæр уыдис, æмæ, лæгау –лæгтæ æркъæдз кæнын кæй нæ куымдтой, уый тыххæй сæ маргæ дæ р кодтой, фæлæ еуæд дæр йæ сæр никуы æркъул кодта Васо. Æмæ уый сгуыхтдзинад у уæдæ цы у. Фæлæ, хъыгагæн, иуæй –иу политикантæ сæ сæрмæ алцыдæр хæссынц, æгæрыстæмæй Васойы сыгъдæг номæй спайда кæнынмæ дæр сæ сæ ныфс бахастой. Уый уыдис Хуссар Ирыстоны хæст йæ тæккæ тынгыл куы уыдис, уæд. Васо уæдæ куынæ мæт кодта йе мтуг адæмы трагедийыл. Йæ ныхас дæр загъта, фæлæ йын æй чидæртæ æндæрырдæм аздæхтой.
Васо йæ фæстæ канд зонадон бынтæ нæ ныууагъта. Удæгас ма уыдис, афтæмæй йæ хъæздыг чиныгдон ныффæдзæхста Цæгат Ирыстон – Аланийы сæйраг зонадон уагдонæн-гумманитарон æмæ социалон иртасынæдты институтæн. Цалдæр мин чиныджы дунейы бирæ æвзæгтыл – уый йæхæдæг егъау хæзна. Бæрæг куыд у ,афтæмæй Васо зыдта бирæ æвзæгтæ. Фæсарæйнаг æвзæгтыл фыст чингуытæ касти æнæ дзырдуатæй. Æмæ ныр уыцы диссаджы чингуытæй пайда кæныны фадат ис алкæмæн дæр.
Йæ историон-этимологион дзырдуатæн разныхасы Васо фыссы, ома, дам, ацы чиныджы ирон æвзаг æнæхъæнæй раиртасыны фадат нæй. Иуæй-иу фарстытæм æвналгæ цы бакодтон ,уый йедтæмæ æндæр ницы. Уый та, дам, егъау æрмæг у фидæны куыстæн.
Васойы ацы æмæ æппæт иннæ фæдзæхстытæ дæр бæргæ куы бандавиккой ирон адæмыл, сæ зæрдæмæ сæ арф куы айсиккой.
Васо ирон адæмы культурæ систа бæрзонд, байгом ын кодта сомбонмæ уæрæх фæндаг. Фæлæ уыцы фæндагыл цæуæг куынæ уа, уæд скæрдæг уыдзæн. Цæуæг ыл куы уа, уæд та йæ ахуырад æмæ йæ фæдзæхстытæ бонæй-бонмæ, азмæ кæндзысты ирддæр æмæ ахсджиагдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania