филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:01 четверг, 02 мая 2024
30 июля 2015, 09:00
Дзуринæгтæ. Едзиты Сосланбег. Дур удæгасгæнæг, дур адæймаггæнæг
Дур – æнусон æрмæг, райдианты райдиан. Зæххы историйы дæр æмæ адæймаджы царды дæр. Дур рагæй фæстæмæ фадат аразæг æмæ, боныфæстагмæ, йæхæдæг царддæттæг. Дуры заман, зæгъгæ, ахæм ном æнæнхъæлæджы нæ хæссы адæймаджы историйы æппæты дæргъвæтиндæр рæстæг. Дуры нысаниуæг æмæ дурæй кусæг адæймæгты кад æнусæй æнусмæ цæуы алы адæмы хаттыты историйы.

Дур – æнусон æрмæг, райдианты райдиан. Зæххы
историйы дæр æмæ адæймаджы царды дæр. Дур рагæй фæстæмæ фадат аразæг
æмæ, боныфæстагмæ, йæхæдæг царддæттæг. Дуры заман, зæгъгæ, ахæм ном
æнæнхъæлæджы нæ хæссы адæймаджы историйы æппæты дæргъвæтиндæр рæстæг.
Дуры нысаниуæг æмæ дурæй кусæг адæймæгты кад æнусæй æнусмæ цæуы алы
адæмы хаттыты историйы. Уæдæ хæхбæсты та, æмткæй Ирыстоны. ацы æмбарынад
– ноджы уæрæхдæр, ноджы бæрзонддæр. Куыд йæ æрвылбоны хъуыддæгты, афтæ
йæ удварны, йæ культурæйы дæр. Ирон адæймаг æй удæгас миниуджытæй дæр ма
схайджын кодта – йæ адæмон сфæлдыстады, поэзийы, скульптурæйы,
архитетурæйы.
Дур удæгасгæнæг, зæгъгæ, æнæмæнг афтæ схонæн ис Едзиты
Сосланбеджы. Хуызфыссынады дунейы стырдæр æмæ номдзыддæр дæсныты
шедевртæ судæгас сты кæддаджы мидæг, ахорæнтæ æмæ цъылинæджы руаджы,
Сосланбегæн та уый йæ къухы бафтыд сарт æмæ дзæбуджы фæрцы. О, зынтæй
дæр, уымæн æмæ кæм кæддаг, кæм дур!, фæлæ иннæмæй та Едзийы фырт, стæй
алы æцæг стыр скульптор, хуызфыссæгимæ абаргæйæ, ныхас кæны æрдзæн
йæхиимæ, йæ æрдзон фæзындимæ – дуримæ. Уыдон кæсынц кæрæдзийы цæстытæм,
лæууынц лæгæй – лæгмæ, дыууæйæ, се хсæн ничиуал ис, æмæ уымæ гæсгæ,
чизоны, аивады ацы къабазы раздæр фæзынынц сфæлдыстадон ахастдзинæдтæ
нывгæнæг æмæ йæ сомбоны уацмысы хсæн, раздæр акалынц цæхæртæ æнкъарæнты
стъæлфæнтæ се хсæн. Æмæ ацы диссаджы миниуджытæй æххæст бæрцæй Стыр
Хуыцау фæхайджын кодта Едзиты Сосланбеджы. Едзийы фырты фæллæйттæ уæрæх
байгом кодтой ирон скульптурæйы скъолайы дуæрттæ. Сосланбеджы скъола.
Фыццаг хатт. Æнцад доны малы стыр дур ныппарынæй фæйлауæнтæ куыд
азгъоры, афтæ алырдæмыты апарахат Сосланбеджы скульптурон философийы
традици. Цæвиттойнаг æмæ фæзминаг сты канд йæ профессионалон
арæхстдзинад æмæ цæстæнгас нæ, фæлæ йæ адæймагон æрдзыхъæд дæр. Фарны
лæг æмæ стыр гуманист – ахæм уыди Едзиты Сосланбег. Ахæмæй йæ сæ зæрдыл
бадардтой йе мдугонтæ, ахæм аргъ ын лæвæрдтой, фысгæ йыл чи кодта, уыдон
се ппæт дæр. Йе сфæлдыстад ын æндæр никæцы нывгæнæджы фæллæйттимæ
абарæн ис. Канд уый тыххæй нæ, æмæ аивады ацы хуызы уыдис фыццаг
профессионал Ирыстоны. Едзийы фырты сфæлдыстадæн нæй сфæлхаттгæнæн йæ
арæхстдзинады гæччытæй, йæ дунеæмбарынадæй æмæ ма йæ куыстытæ цæй бæрц
сты, уымæй дæр. Йæ райгуырæн Ходы хъæуæй райдай, Дыгургом, Уæллаг ком,
Уæлладжыры ком æмæ кæм не сты йæ ингæндур -цыртытæ. Æнæхъæн уæлмæрдтæ,
зæгъгæ, æвæццæгæн, афтæ зæгъæн дæр ис. Æппæты фылдæр та ахæм хъæуты,
куыд Фæснал, Мацута, Сындзыхъæу, Хæназ æмæ афтæ дарддæр. Дзырд цæуы,
бæрæггонд куыстытыл æмæ дзы цас баззад æбæрæгæй та?! Дзырд цæуы, абоны
онг чи æрхæццæ, уыдоныл æмæ дзы цас ис, чи ныппырх, йæ фæд кæмæн нал ис,
ахæмтæ та?! Бирæ. Тынг бирæ. Æмæ уæдæ куыд нæ хъуамæ бахауа адæймаг
дисы- куыд ын бантыст уый бæрц?! Цæй руаджы? Йæ уды, йæ туджы цы стыр
уарзт абухта, æнæмæнг уый руаджы. Ахæм уарзт æм уыди адæммæ, цардмæ,
сфæлдыстадмæ, æрдзмæ, æнæсæттон, хивæнд дуртæм, афтæ кæмæй фæзæгъынц –
къæрттæй сæ цъула нæ хауы, зæгъгæ. Фæлæ Едзийы фырт нæ уыд хуымæтæджы
лæг, æмæ йын дур дæр уымæн басаст. Кæрæдзи бамбæрстой. Зындгонд
Микеланджело йæ куы загъта «Æрдзæн куынæ басæттай, уæд ыл нæ фæуæлахиз
уыдзынæ, зæгъгæ. Æмæ ахæм куырыхон зондыл хæст уыди æнæмæнг Едзиты
Сосланбег дæр.
Уый райгуырд 150 азы размæ рагон ирон хъæу Ходы. Йæ
фыд дæр уыди дурамайæг æмæ сомбоны номдзыд скульптор, йæ сабибонтæй
фæстæмæ дурты дунейы кæй хъомыл кодта, йæ фыдæн æххуыс кæнгæйæ, семæ кæй
архайдта, чизоны, уый дæр фæахъаз йæ царды сæйрагдæр нысан равзарынæн.
Ацы
бонты, сусæны мæйы 7-æм бон, Дзæуæджыхъæуы Тугъанты Махарбеджы номыл
аивадон музейы байгом Едзиты Сосланбеджы куыстыты равдыст.
Афтæ
зæгъæн нæй, æмæ Едзийы фырты сфæлдыстад Ирыстоны уæрæх дзыллæтæн
зындгонд æмæ нымад у, зæгъгæ. Афтæ нæу, æмæ ,æвæццæгæн, уымæн иукъорд
аххоссæгтæм гæсгæ, уæвæн дæр нæй Равдыстмæ дæр, Сосланбеджы курдиатæн
рагæй фæстæмæ чи табу кæны, уыдон æрбацыдысты. Едзийы фырты хъомысджын
курдиатыл, йæ алæмæты сфæлдыстадыл, ирон адæмы культурæйы уымæн цы
ахсджиаг æмæ бындурон нысаниуæг ис, ууыл ,æндæр ногæй цæуыл хъуамæ
дзырдтаиккой равдысты чи ныхас кодта, уыдон? Фæстаг азты ногæй ницы
ссардæуыд Едзийы фырты куыстытæй, ницы сарæзтæуыд сæ фервæзын кæныны
тыххæй дæр. Фæлæ иу ногдзинад у ам ныхасы аккаг. Сосланбеджы сфæлдыстад
рагондæр иртасджытæй сæ иу Биазырты Кромвел æмæ йæ бинойнаг Биазырты
Людмилæ, уый та музейы директоры хæдивæг, 2013-æм азы рауагътой чиныг
Едзиты Сосланбеджы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. Сосланбеджы тыххæй
1931-æм азы фыццаг хатт уæрæх дзыллæтæн газеты фæрстыл фехъусын кодта
Тугъанты Махарбег. Махарбег æй рахуыдта фыццаг курдиатджын, хæдбындур
скульптор, йæ куыстытæ та, адæмон аивады æцæг шедевртæ сты, зæгъгæ, уый
дæр фыццаг Махарбег загъта йæ уыцы публикацийы. Сосланбег гъеуæд нырма
йæхæдæг дæр удæгас уыди,цыдис ыл 66 азы. Уыйфæстæ ма фæцарди 22 азы, æмæ
ма йын дзæвгар цыдæртæ бантыст саразын. Едзийы фырты сфæлдыстадыл
ноджыдæр ма фыстой æмæ абоны онг дæр фыссынц бирæтæ. Фæлæ 40 азæй
фылдæры бæрц Биазырты Кромвел Сосланбеджы фырты куыстытæ аирвæзын æмæ
популяризаци кæныныл куыд архайы, афтæ ничи. Фæстæдæр ацы фæрныг куыстмæ
æрбаиу йæ бинойнаг Людмилæ дæр. Биазыры фырт раст дыууæ хатты кæсдæр у
Сосланбегæй, ацы аз ыл сæххæст 75 азы æмæ йæ царды æмбисы бæрц, афтæ
зæгъæн ис, æмæ бахъуыд Ирыстоны номдзыддæр скульптор цард æмæ сфæлдыстад
сахуыр кæныныл. Уымæ гæсгæ ацы равдысты сæйраг архайджытæ дæр сæ дыууæ
сты – Едзиты Сосланбег æмæ Биазырты Кромвел. Нæ исæн къорд дæр абалц
кодта семæ- Едзиты Сосланбег кæм цард ,кæм куыста, уыцы бынæттæм.
Фыццагдæр уал Хур-Хормæ, 1942, 1943-æм азты Едзийы фырт Уæлахизы
сæраппонд Сындзыхъæуы сæрмæ хохыл Уастырджийы номыл цыртдзæвæн кæм
сарæзта, уырдæм.
Хъæуты цæрæг адæм Едзиты Сосланбеджы хуыздæр зонынц,
уæлдайдæр та марды дур – цыртытæ цы уæлмæрдты сæвæрдта, уыцы хъæуты. Сæ
нымæц дзæвгар у ,фæлæ дзы абоны онг, хъыгагæн, цалдæр проценты йеддæмæ
не рхæццæ. Бæрæггонд чи сты, уыдонмæ дæр зылд нæй.
Едзиты Сосланбеджы
сфæлдыстад æмæ тынгдæр та йæ миддуне, йе сфæлдыстадон сгуыхтдзинад,
историон замантæй абоны онг уый цы удварны тæгтæ æрбаивæзта, уыдон
æнæдызæрдыгæй нырма дæр сты арф æмæ алывæрсонæй иртасинаг. Уый абон дæр у
æнæбын хæзнадон ирон культурæйы æмæ сомбоны фæлтæртæн та ныфсы æмæ
сæрыстыры хос. Иттæг ахсджиаг у Едзийы фырты генийæн аккаг бынат ссарын
ирон аивады æмæ ацы монон хъæздыгдзинады тыххæй Ирыстоны дзыллæтæ, стæй
дунейы дæр цæмæй фылдæр зоной, ууыл æппæт амæлттæй архайын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania