Хуссар Ирыстоны президент ацы фæндон Иры дзыллæтæн загъта 2015-æм азы кæрон республикæйы журналисттимæ æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттимæ фембæлды. Ирыстоны æхсæнады ацы фарст ахсджиаг кæй у, ууыл дзуры, Хуссар Ирыстоны дзыллон информацийы фæрæзты, уæлдайдæр та, информаци райсыны æппæты уæрæхдæр фæзуат- Интернеты йæ кой арæх кæй у, уый.
Хуссар Ирыстоны президент ацы фæндон Иры дзыллæтæн загъта 2015-æм азы кæрон республикæйы журналисттимæ æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттимæ фембæлды. Ирыстоны æхсæнады ацы фарст ахсджиаг кæй у, ууыл дзуры, Хуссар Ирыстоны дзыллон информацийы фæрæзты, уæлдайдæр та, информаци райсыны æппæты уæрæхдæр фæзуат- Интернеты йæ кой арæх кæй у, уый.
Афтæ рауад, æмæ Цæгат Ирыстоны дæр Хуссаримæ уыцы иурæстæг ацы фарст скарз и, æцæг, иучысыл æндæр хуызы æмæ æндæр аххоссæгтæм гæсгæ. Ныхас цæуы, фæстаг рæстæг аланты истори, аланты культурон бынтæ цæгаткавказаг адæмтæй чидæртæ сæхиуыл ныффыссынмæ кæй хъавынц, ууыл. Мæхъæлы рæспубликæйы разамынд ацы хъуыддаг паддзахадон æмвæзадмæ кæй систа, уый та ирон адæмы бынтон дисы æфтауы. Сæ сæйраг сахары самадтой афтæхуыйнæг «Аланские ворота», æндæр фæндтæ дæр ма кæнынц. Ацы фарсты фæдыл ныридæгæн йæ хъуыдытæ загъта Республикæ Цæгат Ирыстон – Аланийы сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерлан дæр.
Æгъуызарты Тамерлан, Республикæ Цæгат Ирыстон –Аланийы сæргълæууæг: «На самом деле, появление «Аланских ворот» на востоке – это географическое недоразумение. Любой мало-мальски образованный человек знает, а если не знает, то достаточно обратиться к Большой Российской энциклопедии, что уже несколько тысячелетий название «Ворота Алан» носит Дарьяльское ущелье по имени наших предков алан, владевших в эпоху раннего средневековья важнейшим проходом через Главный Кавказский хребет.
Что касается, как вы правильно отметили, псевдоисторических споров, то генетическая преемственность осетинского языка с языком аланов и скифов признана учеными во всем мире, так же, как и теория, согласно которой осетины ведут свое происхождение от ираноязычных скифов и сарматов. Последние отождествляются с аланами, непосредственными предками осетин. Аланы-осетины составили дальнейший этап этнического развития скифов и унаследовали их язык. Это исчерпывающе доказано в трудах русских и советских ученых, а также зарубежных иранистов.
Через подлинные «Аланские ворота» в Дарьяльском ущелье Северной Осетии сегодня, как и тысячелетия назад, лежит кратчайший путь с Ближнего Востока в Европу. Куда ведут «Аланские ворота», установленные нашими соседями, непонятно, хотя, безусловно, весь Северный Кавказ в определенном смысле можно считать «Аланскими воротами». Уж коль аланы занимали Западный и Центральный Кавказ, междуречье Кубани и Терека, Северное Причерноморье, то я совершенно не против, если за пределами административных границ современной Осетии будут возникать лингвистические или географические свидетельства того, какие обширные территории принадлежали нашим прямым предкам».
Цæгат Ирыстоны номмæ ма дзырд «Алани» куы бафтыди, уæдæй абонмæ аивгъуыдта растдæр 21 азы. Уый уыди 1995 –æм азы тъæнджы мæйы. Раст уынаффæ алы æгъдауæй дæр. Дзырд «алан» ныртæккæ дыууæрдæм куыд ратон – батон кæнынц, уæлдайдæр та уыцы уавæр хынцгæйæ.
Аланты ном æнæ уæлæмхасæнтæй, æххæстæй æмæ барджынæй цæмæй йæ аккаг бынаты сбада, уымæ фыццаг къахдзæф арæзт æрцыд 20 азы размæ. Фæлæ уый фæстæ дæр ацы хъуыды рох никуы уыди, æдзухдæр ыл ныхас цыди зонадон къордты, адæмы хсæн. Æмæ ныртæккæ дæр ацы ныхас канд уымæн не стынг и, æмæ та нæ кавказаг сыхæгтæй сæ иуы бафæндыд алантимæ хæстæгдзинад бакæнын. Уымæн ис бирæ æндæр, ахсджиагдæр аххоссæгтæ. Уыдонимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, Хуссар Ирыстоны дæр ацы фарст паддзахады æмвæзадыл кæй сæвæрдтой, уый.
Аланты культурон бынтæм сæхи рагæй ивазынц, æгæрыстæмæй сæм æппындæр чи ницы бар дары, ахæмтæ дæр. Æмæ уым, чизоны, диссагæй дæр ницы ис. Уæрæсейæн ахæм бирæ зæххытæ æмæ хъæздыгдзинæдтæ æгæр æвгъау сты, зæгъгæ, афтæ чи зæгъы, уый афтæ куыд нæ зæгъдзæн, ахæм культурон бынтæ æмæ ахæм хъæздыг истори чысылнымæц ирон адæмæн æгæр сты, зæгъгæ.
Аланты истори мах у, зæгъгæ, афтæ дзурын æмæ сæ ныхас бафидар кæнынæн цавæрдæр символтæ аразын, – дæ рæбыны æппындæр мацы факттæ уæд, афтæмæй, куыд фæзæгъынц, æнæ дæлæ – уæлæйæ, цы уа, уый уæд, зæгъгæ, уый хуымæтæг хъуыддаг нæу, уый тæссаг у, уымæн æмæ райсом сæ сæры цы фæмидæг уыдзæн, уымæн развæлгъау базонæн нæй, уæлдайдæр та ахæм ныхас республикæйы разамынды æмвæзадыл куы цæуа, уæд. Ахæм ныхæстæ æмæ арæзтæдтæ адæмты кæрæдзиуыл сардауыны охыл провокаци кæй у, бар – æнæбары ахæм хъуыды дæр æвзæры, уымæн æмæ историон зонады, æвзагзонынады, адæмон сфæлдыстады алантæ æмæ ирæтты иудзинады фæдыл дунейы æппæты хуыздæр ахуыргæндтæ цы факттæ сбæлвырд кодтой, уыдон иуырдæм айсын тынг зын хъуыддаг у. Уæд сын сæ бынаты æндæр исты æрæвæрын хъæуы, стæй сæ чи æрæвæра, уый дæр хъуамæ уа. Диссаг уый у, æмæ аланты истори хи бакæныныл архайынц, алантæ сæхæдæг нырма удæгас сты, афтæмæй. Удæгас истори байсыныл фæлварын – уый диссаг у, уæдæ цы у.
Хæдзар куы смæгуыр вæййы, бинонтæ кæрæдзи куы нæуал фембарынц, уæд æм алчи дæр уæндын райдайы, бирæ хатт хынджылæггаг дæр свæййы. Æнæмæнг ацы уавæрыл абарæн ис æнæхъæн адæмы цардæн дæр. Ирон адæм се взагыл ,се гъдæуттыл, сæ хæдбындур удыскондыл иуцасдæр сæ зæрдæ кæй сивтой, кæй сыл суæлæхох сты, æнæмæнг уый фæстиуæг у, иумæйагæй национ царды ахорæнтæ бæрæг кæй сфæлурс сты, уый. Слæмæгъ ис, фыдæлтæй фæстæмæ кадмæ арæзт чи уыди, уыцы царды мидис æмæ йæм ныхилын дæр уый тыххæй уæндынц. Уымæ гæсгæ æппæты сæйрагдæр у хи позицитæ фидар кæнын политикон, культурон, экономикон æгъдауæй. Национ химбарынад йæ бынаты цæмæй сбада, уый тыххæй алыхуызон мадзæлттæ аразын. Уыдонæй сæ иу – нæ Фыдыбæстæйы официалон ном баивын.
Дзырдтæ Осетия æмæ осетин рапарахат сты 18-æм æнусы кæрон, цæуы сыл 260 азы. Афтæ зæгъæн дæр ис, æрмæстдæр 260 азы, зæгъгæ, уымæн æмæ цы сты уыдон адæмы историйы? Стыр нымадæй æрмæстдæр уысм.
Официалонæй иу фæлтæрыл нымад цæуы 25 азы, æмæ уæдæ Осетия æмæ осетинты ном æрмæстдæр нæ адæмы дæс фæлтæры хæссы æндæр нæ. Фæлæ нæм кæсгæ та афтæ кæны, цыма уыцы дзырдтæ нæ адæмы равзæрдимæ иумæ райгуырдысты. Нæ адæмы иумæйаг ном æндæр адæмы хæттытæм ныртæккæ дæр алыхуызон у, уыдоны хсæн кавказаг адæмтæм дæр. Афтæ, зæгъæм 18 –æм æнусы дыккаг æмбисы Уæрæсейы нæ, фæлæ æндæр кæцыдæр бæстæйы бар бакодтам нæ хъысмæт, уæд нæ адæмы ном æнæмæнг æндæр хуызы зæлыдаид абон. Тæлмацгæнæг нæ йæхи æвзагыл цы номæй зыдта, афтæ нæ схуыдтаид, æндæр никуыд. Афтæ рауад гуырдзыйагæй «оси» – «осети»- «осетин»-ы хъысмæт дæр. Фæлæ уыцы талынг рæстæджытæ аивгъуыдтой, иумæйаг ном «алан» та куыдфæстагмæ стыр зонады руаджы ногæй йæхи базонын кодта йæ адæмæн æмæ æнæхъæн дунейæн.
Æхсæнады алыхуызон хъуыдытæ куынæ уа алы фарсты фæдыл дæр, куынæ уа сæ зæгъыны фадат, уæд ахæм æхсæнад у фæстæзад. Иннæмæй та ахæм ныхас, рæстдзинад ссарынæн алы хатт дæр ахъаз кæны, зæгъгæ, уый зын зæгъæн у.
Мæнæ гъеныр дæр афтæ: ронбæгъд ныхас нæхи адæмы хсæн дæр. Загъд, хъæлæба. Фæлæ номы сæрыл гæрæхтæ цæй охыл сты, аланты æвзаг, аланты культурæмæ куы ницы бар дарай, уæд?! Алантимæ комкоммæ бастдзинады æппæты сæйрагдæр бæрæггæнæг нæ мадæлон æвзаг у, æмæ йæ йæ сæ сæрмæ чи нал хæссы, уый аланты ном хъæугæ дæр цæмæн кæны? Æрмæстдæр ном хæссынæн?
Ныртæккæ ног дуг у, æмæ уым аланты ном кадджынæй дарддæр чи ахæсса, ахæм фæсивæд ма абон Ирыстоны баззад. Уыдон сæхи зондæй æрцыдысты карз, фæлæ раст хатдзæгтæм – æргомæй аххоссджын кæнынц раздæры æмæ гъеныры хистæр фæлтæрты дæр, се взаг ахуыр кæныны фадат сын кæй байстой, уый тыххæй – скуынæг кодтой национ скъола, схынджылæг кодтой фыдæлты фарнæй, намысæй, карз нозт та ног æгъдауæн райстой. Бæргæ уыцы фыдбылызтæй нæхи куы бахызтаиккам, уæд нæ адæмы иумæйаг ном дæр ныртæккæ дзырддаг нæ уаид, зæгъгæ, ахæм у сæ хъуыды.
Фæсивæды рдыгæй ахæм зæрдæахаст рæстæг йæхæдæг æрдомдта æмæ йæ уынын хъæуы. Уый алкæмæ дæр хауы. Адæмы бæрны чи ис, фыццаджыдæр та уыдонмæ – хицаудзинадмæ. Национ политикæ канд диаспорæтимæ куыст куы уа, уæд ацы фарсты хорзырдæм ницы фæивдзæн, мадæлон æвзаджы проблемæ æрмæст ахуырады министрады бæрны куы уа, уæд дæр афтæ. Нæ фыдæлтæн нæ æрмæст йæ ном куы хъæуа, уæд æй æцæгдæр абон –уа райсом исчи йæхи бакæндзæн. Се взаг, сæ удварн сын куы ферох кæнæм, уæд нын канд нæ ном нæ, нæхи дæр нын æнæхъæнæй сæхиуыл ныффысдзысты. Абоны ног уавæрты аланты кадджын фæндагыл чи слæууыд, уыдон бирæ дæр нæма сты, фæлæ сæ цæвиттон та иттæг ахсджиаг у иннæтæн.
Цард гæппытæй нæу, уæлдайдæр та ныхас æппæт адæмы цардыл куы цæуа, уæд. Фæлæ рæстæг ивддзинæдтæ куы дома, уæд та сын æнæ кæнгæ нæй. Абон ма исчи зоны, узбекты революцийы агъоммæ куыд хуыдтой æмæ чи уыдысты, уый? Ничи. Алыхуызон нæмттæй. Сæ иумæйаг ном узбек та 1917 азæй фæстæмæ у зындгонд. Æмæ цал ахæм цæвиттоны ис. Нæ адæмыл æмæ нæ бæстæйыл аланты ном сæвæрыны фæнд нысан кæны бынæттон, къуымон ном нæ адæмы иумæйаг номæй баивын. Фæсномыгтæ дæр уæд, фæлæ хъæуы иумæйаг ном. Уый та мысын нæ хъæуы – бæрæггонд у нæхицæн дæр æмæ дунейæн дæр.
Ном, дам, йæхæдæг монхæссæг у, зæгъынц, мон бæрæггæнæг. Æмæ нæ уæдæ кæйдæр дзыхæй фехъусгæ ном цæрæнбонты фæсдуар куы дара, уæд уый раст уыдзæн? Абон нæ хъæуы нæ фыдæлты сæрыл рахæцын, сæ ном сын бахъахъхъæнын, æмæ нæ дарддæр та уый йæхæдæг хъахъхъæндзæн. Нæ адæмы кадджын ном барджынæй йæ бынаты куы сбада, уæд æм зулаив дæр ничиуал фæкæсдзæн.