филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:45 четверг, 02 мая 2024
03 ноября 2015, 09:15
Дзуринæгтæ. Фарстытæ Туркæй Ирыстонмæ. 1 хай
Зæххыл, æвæццæгæн, ахæм бæстæ нæй, ирон адæмæй кæм нæ цæры. Рæстæгмæ нæ, фæлæ бæстон цардыл цæуы дзырд. Сæ Райгуырæн бæстæйæ сæ цы аххоссæгтæ сыстын кодтой, уыдонæн адихгæнæн ис дыууæ хайыл – сæ иутæ барвæндæй, иннæтæ – бар-æнæбары. Уыцы адæм йæ зæххыл цæргæйæ куы баззадаид, уæд æндæр уаид абон Ирыстон: йæ æхсæнадон æмæ политикон рæзты æмвæзад, йæ культурон, интеллектуалон авналæнтæ æмæ афтæ дарддæр.

Зæххыл, æвæццæгæн, ахæм бæстæ нæй, ирон адæмæй кæм нæ цæры. Рæстæгмæ нæ, фæлæ бæстон цардыл цæуы дзырд. Сæ Райгуырæн бæстæйæ сæ цы аххоссæгтæ сыстын кодтой, уыдонæн адихгæнæн ис дыууæ хайыл – сæ иутæ барвæндæй, иннæтæ – бар-æнæбары. Уыцы адæм йæ зæххыл цæргæйæ куы баззадаид, уæд æндæр уаид абон Ирыстон: йæ æхсæнадон æмæ политикон рæзты æмвæзад, йæ культурон, интеллектуалон авналæнтæ æмæ афтæ дарддæр.
Афтæ кæй уыдаид, уый æнæгуырысхойаг у, фыццаджыдæр уымæн, æмæ адæмы хъысмæт йæ нымæцæй аразгæ у. Тынг бирæ хъуыддæгты. Йæ удварны, йæ интеллектуалон гæнæнты, йæ национ хæдбардзинады æмæ афтæ дарддæр. Æппæт ацы хæрзиуджытæй Ирыстон тынг фæкъахыр, цалдæр хатты йæ адæмæй фæсарæнтæм дзæвгар кæй аивылд, уый аххоссæй. Æппæты фылдæр – 19-æм æмæ 20-æм æнусты. Иугæйттæй нæ, фæлæ сæдæгæйттæй, мингæйттæй. Зæгъын æмбæлы уый, æмæ йæ фыдыбæстæйæ къордгæйттæй цы ирæттæ лыгъди, уыдонæн сæ фылдæр хай уыди ахуыргонд, интеллектуалон æгъдауæй цæттæ, размæдзыд зондыл хæст. Уыдон Ирыстонæй цыдысты зæрдæриссгæйæ, æвæндонæй, фæлæ сæхицæн æндæр фадат не ссардтой. Дзырд цæуы, 19-æм æнусы зындгонд инæлар Къуындыхаты Муссæ Туркмæ йæ фæдыл цы пысылмон ирæтты акодта, уыдоныл æмæ мидхæсты рæстæг, сæ цардæн, сæ бинонтæн тæрсгæйæ, Европæмæ алидзæг ирæттыл. Зындгонд у, цæмæн лыгъдысты æмæ кæмæй тарстысты, уый дæр. Тарстысты большевиктæй, сæ ног хицаудзинадæй, цалынмæ сæ бон уыди, уæдмæ йæ ныхмæ тох дæр кодтой. Ног уавæрты цæрыны бæсты равзæрстой æцæгæлон бæстæтæ æмæ, рæстæг куыд равдыста, афтæмæй еуæд сæхицæн равзæрстой, æрдзæй сын лæвæрд чи уыди, уыцы ирон удыхъæды мæлæт дæр, сæ ирондзинады мæлæт.
Кæй зæгъын æй хъæуы, Райгуырæн бæстæйæ бар-æнæбары сыстын æмæ æцæгæлон бæстæйы æрцæрын – уый трагеди у. Канд лыгъд адæмæн нæ, фæлæ цы зæхх, цы адæмы ныууагътой, уыдонæн дæр. Алы хицæн адæймагæн æмæ æнæхъæн нацийæн. Цал ирон адæймаджы ацыд Ирыстонæй, уал хатты фæкъахыр мадæлон æвзаг, уал хатты фæхъуыди ирон уды фарнæй.
Ахуырдзинадæй рæвдз, зонындзинæдтæй æххæст кæй уыдысты, уымæ гæсгæ ирон адæмы минæвæрттæй бирæтæ фæсарæнты схызтысты бæрзонд къæпхæнтæм царды алы къабæзты. Иуæй-иутæ дзы дардæй дæр архайдтой ирон адæмæн, ирон культурæйæн лæггад кæныныл, цалынмæ цардысты, уæдмæ нæ рох кодтой сæ мадæлон æвзаг, уыдысты хи гъдауыл хæст се рвылбоны царды. Фæлæ, хъыгагæн, сæ фæстæ фæлтæртæн уыдæттæ бахъахъхъæнын сæ бон нал баци – уыдон ирон адæммæ ницыуал бар дарынц, цы бæстæты, цы адæмты хсæн цæрынц, уыдоны минæвæрттæ сты, уыдон æвзагыл дзурынц, цы паддзахадты æрбынат кодтой, уыдонæн лæггад кæнынц.
Дыууæ æнусы дæргъы Ирыстонæй чи фæхауæггаг, уыдонæй ма абон сæ мадæлон æвзагыл дзурынц æмæ сæ фыдæлтты царды æгъдæуттæ сæ зæрдыл дарынц туркаг ирæттæ. Æцæг, фæстаг 20-30 азмæ ахæм ирæтты нымæц зынгæ фæкъаддæр. Афтæ куы ахæсса, уæд, уыдонæн дæр сæ ирон фæд куы фесæфа, уымæй тас у.
Иннæ бæстæты хъауджы турчы ирæттæн сæ национ цæсгом бавæрын сæ къухы цæй руаджы бафтыд, уымæн ис бæлвырд аххоссæгтæ. Советон Цæдисы рацарæзты дуг куы ралæууыд, еуæдæй райдайгæйæ абоны онг Турк æмæ Уæрæсейы хсæн бастдзинæдтæ сарæх сты, уыимæ Ирыстонимæ дæр, æмæ уымæй туркаг ирæтты национ хиæмбарынадыл ног тыхтæ бафтыд, ног ныфс сæ бацыд. 20, 30 азмæ Ирыстонмæ, йæ историон Райгуырæн бæстæмæ бирæ туркаг ирæттæ æрбафтыд. Сæ фылдæр – фыццаг хатт. Фæзынди иумæйаг культурон мадзæлттæ Ирыстон æмæ туркаг ирæтты хсæн. Турчы ацы куыст биноныг кæны æхсæнадон организаци «Алан». 3 азы размæ ирыстойнаг кинематографисттæ, сæ сæргъы Туаты Теминæ афтæмæй систой егъау кинофильм туркаг ирæтты истори æмæ ныры царды тыххæй. «С Осетией в сердце», зæгъгæ, ахæм сæргондимæ. Енырмæ ацы темæйы фæдыл цы информаци уыдис, уыимæ абаргæйæ, ацы киноæрмæг у æппæты æххæстдæр. Æвдисы туркаг ирæтты ивгъуыд æмæ абоны цард, сæхæдæг æй сæ фыдæлтæй куыд фехъуыстой, ахæм хуызы, ома æппæты бæлвырддæр æмæ растдæрæй. Фильмæн текст æмæ сценари ныффыста зындгонд ирон историк Бзарты Руслан. Йæ руаджы нæ къухы бафтыд, рухс чи нæма федта, ахæм видеоæрмæг: туркаг ирæтты сагъæстæ, канд сæхи тыххæй нæ, фæлæ иумæйагæй Ирыстоны сомбоны фæдыл, ирондзинадыл. Ирыстоны раз абон цы проблемæтæ лæууы, сæйраджыдæр та йæ удварны царды, уыдонæй иуæй – иу фарстытæ Туркæй цыма хуыздæр зынынц, сæ ныхæстæм хъусгæйæ ахæм тæлмæн дæр сæвзæры. Нæ абоны равдысты уын уæ размæ хæссæм туркаг ирæтты цалдæр интервьюйы. Уым цæуыл дзурынц, уыдон Ирыстоны искæмæн цымыдис сты æви не сты, актуалон сты æви не сты, æппæт адæтты фæдыл байхъусдзыстæм профессор Бзарты Русланы комментаритæм. Нæ фыццаг фарст уыдзæн туркаг ирæтты историйæ. Цалдæр мин ироны йæ рæстæджы туркмæ кæй алыгъдысты, уымæн уæддæр йæ сæйраг аххоссаг цы уыдис æви цалдæр уыдысты уыцы аххоссæгтæ?

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania