филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:58 суббота, 04 мая 2024
31 марта 2016, 20:35
Дзуринæгтæ. Къодоты Альберт: «Рæстдзинад – тырысайæн, хотыхæн – уарзт!»
«Мæн фидарæй уырны, ирон литературæмæ æрбацыд æцæг курдиатджын поэт, æмæ йын мæ зæрдæ зæгъы стыр æнтыстытæ. Фæндараст у, Альберт, ирон поэзийы æргъæу галуанмæ». Ацы ныхæстæ нæ куырыхон хистæр æмæ поэт Уалыты Лаврент ныффыста 1997-æм азы Къодоты Альберты поэтикон чиныгæн йæ цыбыр разныхасы.

«Мæн фидарæй уырны, ирон литературæмæ æрбацыд æцæг курдиатджын поэт, æмæ йын мæ зæрдæ зæгъы стыр æнтыстытæ. Фæндараст у, Альберт, ирон поэзийы æргъæу галуанмæ». Ацы ныхæстæ нæ куырыхон хистæр æмæ поэт Уалыты Лаврент ныффыста 1997-æм азы Къодоты Альберты поэтикон чиныгæн йæ цыбыр разныхасы. Уымæй размæ дæр цалдæр хатты Альберты æмдзæвгæтæ фæзындысты журнал «Мах дуджы». Фыццаг хатт – 1992-æм азы. Æмæ литературæмæ тынг æввахс чи у, ома поэттæ,прозаиктæ æмæ ма поэзиуарзджыты чысыл къорд гъеуæд фыццаг хатт базыдтой æмæ бамбæрстой, ирон литературæйы æцæгдæр кæй фæзынд ног ном – Къодоты Альберт.
Фæлæ йыл Лавренты зæрдæбын арфæтæ, хъыгагæн, не рцыдысты. Фыццаджыдæр зæгъын хъæуы уый, æмæ Альбертæн йæ фыццаг чиныг æрæджыйау фæзынди, йæ 40-азы йæхирдыгæй куы фесты, уый фæстæ. Чизоны, 90-æм азты дуг дагъытайлаг кæй уыдис, уый аххоссæй кæнæ йæхæдæг дæр æгæр нымд кæй уыдис, уый тыххæй рауад афтæ, æмæ куыддæр фæсвæд аззади ацы ног поэтикон фæзынд нæ ирон литературæйы. Куыд æмбæлди, афтæ йыл цин дæр ничи бакодта, аргъ дæр ын – афтæ. Рацыд чиныг, æмæ рацыд… Мæнæ цыма тынг бæркадджын у нæ абоны ирон литературæ, æмæ дзы Къодоты Альберты поэтикон курдиатты хуызæттæ та цыма рæнхъæй ралæууыдысты, уыйау!
Цы фæцис уый фæстæ поэт Къодоты Альберт, уый иугай адæймæгты йеддæмæ ничи зыдта, æмæ ацы фарст уадиссаг цымыдис дæр никæй кодта. Афтæ кæй рауад, уый, æвæццæгæн, Альбертæн фыццаджыдæр йæхицæй аразгæ уыди, уымæн æмæ уый Ирыстонæй ацыди, цæрынæн равзæрста æндæр бынат, æрмæст –иу рæстæгæй рæстæгмæ фæзынди йæ Райгуырæн бæстæмæ. Бæрæг æй ничи зыдта æмæ йæ абон дæр ничи зоны, Альберт кæм, куыд æмæ цæмæй царди, уый. Стъарапъолы кæмдæр ис, зæгъгæ, æрмæстдæр дзы уый зыдтой йæ зонгæтæ. Цы аххоссæгтæ, цы уавæртæ йын равзарын кодтой ахæм цардвæндаг, уый бæрæг нæу, абон дæр сæ ничи зоны.
Аивгъуыдтой 18 азы, æмæ фæзынд Къодоты Альберты ног поэтикон чиныг «Ныхас рæстæгимæ», зæгъгæ, ахæм номимæ. Æмæ та уый ногæй базмæлын кодта, куыд профессионалон литераторты, афтæ поэзиуарзджыты æнкъарæнтæ. Ныр сæ нымæц дзæвгар кæй фæфылдæр, уый бæрæг у. Йæ поэзийæн аргъ кæныны бавналæнтæ дæр зынгæ фæарфæдæр æмæ фæуæрæхдæр сты. Йæ поэтикон курдиат разынд ирддæрæй, йæ ныхас ссис уырнинагдæр, йе нкъарæнтæ. йæ хъуыдытæ – ныфсджындæр æмæ уæрæхдæр. Æцæг, Альберт йæ ног чиныг йæхæдæг нал федта, ацы аз æртхъирæны мæйы 7-æм бон йæ цардæй ахицæн. 60 азы йыл куы сæххæст, уый хæнт фæстæ.
Æгъуыссæг… Æмæ æхсæвы кæлæн…
Æмæ мæ сæры иу хъуыды дæр нæй…
«Цы у нæ цард? Кæдæм цæуæм? Цæмæн?
Æмæ цы хъæуы рæстæджы мæнæй?..»
Философон хъуыдыкæнынад, философон зæрдæахастæй хайджын сты Къодоты Альберты æмдзæвгæтæ се ппæт дæр, æмæ йын уый йæ поэзийы сæйраг дзуринæгтæ кæны бæрзонддæр – кæсæг сæ канд эмоцион æхцондзинад нæ исы, йе мдзæвгæтæ чиныгкæсæгæй домынц, цæмæй уый арф хъуыдыты аныгъуыла царды æнусон æмæ бирæвæрсыг фарстытыл: адæймæгты хсæн ахастытыл, Райгуырæн бæстæ адæймагмæ ахæм тыхджын æмæ æнæфæугæ æнкъарæнтæ цæмæн æвзæрын кæны, ууыл æмæ афтæ дарддæр. Йæ поэзийы сæйраг темæтæ дæр уыдон куы сты: уарзт, Райгуырæн бæстæ, поэты æмæ иумæйагæй адæймаджы хъысмæт.
Къодоты Альберт иубакастæй цыма æнкъард поэт у, фæлæ уый афтæ нæу. Сыгъдæг æнкъарæнтæ, рухс бæллицтæ, ныфс æмæ цардбæллон сагъæстыл æфтауынц уыдон адæймаджы.
Къодоты Альбертæн йæхи лæгæй-лæгмæ хуыздæр чи зыдта, йæ сфæлыстадмæ йын рагæй фæстæмæ йæ хъус чи дары æмæ йын профессионалон æгъдауæй чи аргъ кæны, уыдон æнæмæнг бæстондæр зæгъдзысты Къодоты Альберты тыххæй, лæмбынæгдæр ын радзурдзысты йе сфæлдыстады.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania