Дзæуджыхъæуы Ирон аргъуан æмæ Колыты Аксо. Ирыстоны культурæйы дыууæ рæбинаг цæджындзы. Кæрæдзийыл тынг æнгом баст. Бæрæг у – Дзæуджыхъæуы рагондæр аргъуан арæзт æрцыд 1814-æм азы æмæ уыдис хъæдæй конд.
Дзæуджыхъæуы Ирон аргъуан æмæ Колыты Аксо. Ирыстоны культурæйы дыууæ рæбинаг цæджындзы. Кæрæдзийыл тынг æнгом баст. Бæрæг у – Дзæуджыхъæуы рагондæр аргъуан арæзт æрцыд 1814-æм азы æмæ уыдис хъæдæй конд. Аксойы хъæппæрисæй æмæ йæ иузæрдион æххуысгæнджыты фæрцы 1862-æм азы кæлæццаг агъуысты бынаты арæзт æрцыд ног кувæндон, мæнæ йæ абон куыд уынæм, йæ уыцы хуызы. Аксо ныгæд дæр ам æрцыд кувæндоны кæрты. Йæ ингæны дурыл ын ныффыстæуыд: «Рухсаг у, рухсаг! Æгас Ир дæ бузныг сты».
Хуымæтæг ныхæстæ, фæлæ куыд раст, куыд æххæстæй æвдисынц Аксойы лæггæдтæ ирон адæмы раз. Уæдæй абонмæ 150 азы аивгъуыдта, бирæ диссæгтæ баййæфта ирон аргъуаны кæрт, ныртæккæ пантеоны ном чи хæссы, уый. Уыцы диссæгты азары бахауд Аксойы ингæн дæр. Йæ фæд дæр нал ис. Уыдис ныхас ингæны дур сног кæныныл, æгæрыстæмæй Советон дуджы дæр, фæлæ ныхас ныхасæй баззад. Дурыл фыст ныхæстæ ма баззадысты историйæн. Æмæ ма иуæй – иу æндæр факттæ. Зæгъæм, Ирон аргъуан хуымæтæг адæмы фæрцы арæзт кæй æрцыд, уый. Сæ сæргъы Аксо, афтæмæй. Арæзтадæн æхца хæлар кодтой, йæ бон кæмæн цас уыд, афтæ. Аксо радта 200 сомы. 400 сомы та уæды ирон-æфсæдтон окруджы хицау, Дзæуджыхъæуы комендант Ипполит Вревский.
Уый фæстæ дзы фыццаг йæхæдæг райдыдта лæггад кæнын. Чырыстон аргъуаны ирон куывд фыццаг хатт айхъуыст сауджын Колыты Аксойы руаджы. Æмæ ма бирæ цæмæйдæрты уыдис фыццаг Аксо: рухстауæг, иронау фыццаг æмдзæвгæтæ ныффыссæг, тæлмацгæнæг, ирон адæмы иудзинадыл æвæллайгæ æмæ хъæбатыр тохгæнæг.
Æмæ уæддæр Колыты Аксойы номимæ баст хæрзиуæгон хъуыддæгтæй иууыл зындгонддæр у сылгоймæгты скъола. Ацы аз зæрдæвæрæны мæйы 10-æм бон йæ сарæзтыл сæххæст155 азы. Æмæ нæ равдысты сæйраг æфсон дæр абон уый у. 1862-æм азы Аксо йæхи хæдзары байгом кодта сылгоймæгты скъола. Уый уыдис уæды Тарскы уынджы, ныртæккæ та Цæголы фырты уынг 31-æм хæдзар.
Бынат ын ссардта, цы дыууæ уаты йын уыдис, уыдонæй сæ иуы. Скъолайæн цыдæриддæр дзаумайæ хъуыдис, уыдон иуылдæр йæхæдæг самал кодта. Ахуыргæнæгæй дæр дзы фыццаг йæхæдæг куыста иунæгæй. Амыдта ирон æвзаг, чырыстон дины æгъдæуттæ. Хъуыддаг дæрдтыл айхъуыст, æмæ йын фыццаг æххуыс фæзынд афтæхуыйнæг Чырыстон дин Кавказы æрфидар кæныны æхсæнадæй. Уый скъолайæн азмæ лæвæрдта 300 сомы æмæ ма уый фæрцы бантыст ноджыдæр 2 ахуыргæнæджы æрбахонын. Сæ иу дзы амыдта ирон æвзаг, дины æгъдæуттæ ,æндæр предметтæ, дыккаг та уыдис сылгоймаг ,уый чызджыты цайдагъ кодта хæдзарон митæ кæныныл.
Хъыгагæн, Аксойæн дзы йæхицæн бирæ бакусын нæ бантыст. Цыппар азы бæрц æрмæстдæр. 1866-æм азы майрæмы мæйы, 44 азы йыл цыдис, афтæмæй Ирыстоны иууыл дзырддзæугæдæр рухстауæг æмæ æхсæнадон архайæг йæ цардæй ахицæн. Фæлæ уæдмæ йе скъола ахæм зындгонд ссис, адæмы хсæн ын ахæм хорз ном уыдис, йæ ахадындзинад афтæ бæрæг дардта, æмæ йæ сæхгæныны хъуыды æппындæр никæмæ æрцыди. Фæлæ ныр йæ дарыны хæс æнæхъæнæй йæхимæ райста Чырыстон дин Кавказы æрфидар кæныны æхсæнад.
Уымæн йæ авналæнтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уæрæхдæр уыдысты. Колыты Аксойы мæлæты фæстæ скъола бирæ цæмæйдæрты аивта. Фыццаджыдæр йæ ахуыры процесс. Скъола ссис æртæкълассон ахуыргæнæндон, æд пансион. Ныр ын хъуыдис фидын. Фæфылдæр ахуырдзау чызджыты нымæц. Ныр æм истой æрмæст ирон чызджыты нæ, фæлæ алы адæмы хаттæй дæр.
Аксойы хæдзары фæстæ уый цалдæр хатт йæ бынат баивта. Агъуыстытæ нал баззадысты, фæлæ дзы, архивон зонæнтæм гæсгæ, иу бæлвырдæй уыдис мæнæ ацы ран ныры Кировы уынг æмæ Тамайы фырты уынджы тыгъыл.
1865-æм азы Дзæужыхъæумæ ссыдис Ольгæ Федры чызг, зæгъгæ, уыцы рæстæг Кавказæн разамындгæнæджы бинойнаг. Уый бабæрæг кодта скъола, йæ зæрдæмæ фæцыдис æмæ йын уæдæй фæстæмæ райдыдта æххуыс кæнын. Лæвæрдта йын æхца йæхи, стæй йæ сæрыхицауы номæй дæр. 1866-æм азы скъолайæн лæвæрд æрцыд Ольгæ Федры чызджы ном. Ольгæйы скъола, зæгъгæ, афтæмæй баззад историйы. 1891-æм азы ахуыргæнæндоны фæзынд цæрыны фадат дæр, скодтой дзы приют. 1916-æм азæй та хæссын райдыдта ахуыргæнджыты цæттæгæнæн скъолайы ном.
1862-æм азы Колыты Аксо бындур кæмæн сæвæрдта, уыцы сылгоймæгты скъола фыццаг канд Кавказы нæ уыдис, æнæхъæн æнæхъæн Уæрæсейы дæр дзы зын ссарæн уыд. Фæлæ ма уый, сылгоймæгтæн кæй уыдис, канд уымæй нæу диссаг. Зын ссарæн у, Аксойы скъолайы хуызæн дæргъвæтин цард кæмæн, уыд, ахæм скъола. Суанг Октябры революцийы сæрты дæр ахызт. 56-азæй фылдæр. Тынг цымыдисон рауад йæ хъысмæт дæр. Иурæстæг æй æхгæнынмæ куы хъавыдысты, уæд Ирыстоны хуыздæртæ рахæцыдысты йæ сæрыл, Къоста сæ сæргъы, афтæмæй. Æфхæрд дæр баййæфтой, фæлæ скъола æхгæнын нæ бауагътой. Ирон интеллигенцийы разагъды лæгтæ ацы скъолайы тыххæй чи нæ фыста æмæ дзырдта, йæ хорзы кой чи нæ кодта, ахæм стæм баззад: Къоста, Секъа, Байаты Гаппо, Гатуты Алыксандр æмæ бирæ æндæртæ. Ацы скъолайы рауагъдонтæ сæххæст кодтой сæ историон нысан. «Ног фæлтæр скæнынæн хъæуы ахуыргонд бинонтæ, сæйрагдæр та – ахуыргонд мад», зæгъгæ, Аксойы ацы базырджын ныхæстæ пехуымпар разындысты, зæгъгæ, афтæ зæгъæн ис.
Колыты Аксойы сылгоймæгты скъолайæн ма йæ диссаг уый мидæг ис, æмæ дзы ахуыр цыдис мадæлон æвзагыл, скъоламæ истой алкæй дæр, йæ социалон уавæрмæ йын нæ кастысты. Ахуырæн фидын нæ хъуыдис. Ахуыр иронау канд уый тыххæй нæ цыдис, æмæ чызджытæ сæ мадæлон йедтæмæ æндæр никæцы æвзаг зыдтой. Ахуыргонд лæг уыдис Аксо, æрдзæй курдиатджын. Хорз æмбæрста, мадæлон æвзаг национ удыхъæды рæзтæн, иумæйагæй, культурæйы рæзтæн куыд стыр ахъаз у, уый. Ирыстоны хи æвзагыл ахуыр кæныны домæн уыдис алы хатт дæр, фæлæ уыцы домæнæй кæддæриддæр тыхджындæр уыдис социалон цардуаджы фæткæвæрд. Уый куы фадæттæ арæзта ацы домæнæн, куы та йын йæ фæндæгтæ æхгæдта.
Национ ахуырады дæргъвæтин истори Ирыстоны, стæй æнæхъæн дунейы дæр раджы сбæлвырд кодта уыцы æцæгдзинад, æмæ цыфæнды адæмы хатт ма райс, алкæмæн дæр йæ адæмы культурон домæнтæ, йæ национ рæзты фæндиæгтæ æххæст цæуынц æрмæстдæр национ скъолайы руаджы. Ис национ скъола –ис национ культурæ, национ элитæ, национ фидæн, нæ уыдзæн национ скъола –æмæ æппæт ацы хъуыддæгтæн сæ кой дæр нæ уыдзæн. Ирыстоны культурæйыл фæстаг 50 азы бæрц нæ цæст куы ахæссæм, уæд бæлвырдæй фендзыстæм ацы хъуыдыйы æцæгдзинад æмæ йæ фæстиуджытæ,
Колыты Аксо йæ хæдзары сылгоймæгты скъола куы байгом кодта, уæдæй абонмæ аивгъуыдта 155 азы. Уый уыдис йæ куырыхон зонды сгуыхтдзинад. Уыцы скъола уыдис бынтон хуымæтæг ахуырадон принциптыл арæзт. Фæлæ дзы уыдис сæйраг хъуыды: ирон сывæллæтты иронау хъуыды кæнын æмæ ирон цард аразыныл сахуыр кæнын. 155 азы фæстæ ахæм ахсджиаг хъуыды сæйраг у, мæнæ ам Дзæуджыхъæуы 1-æм скъолайы бындурыл арæзт чи цæуы, уыцы Алайнаг гимназæн дæр.
Алайнаг гимназ у, æрæджы кæй бакуыстæуыд, «Ирон адæмы национ –культурон рæзты паддзахадон программæ», зæгъгæ, уымæн йæ тæккæ ахсджиагдæр хай. Ам ахуыры процесс арæзт цæудзæн, нырыккон ахуырадон стандарттæн æххæст дзуапп чи дæтты, ахæм программæмæ гæсгæ. Ахæм Гимназ саразыны хъæппæрис республикæйы абоны сæргълæууæг Битарты Вячеславæй рацыд, куыд арæзт цæуы, уымæ дæр лæмбынæг йæ цæст кæй дары, уымæ гæсгæ, æцæгдæр 1-æм сентябры кæй байгом уыдзæн, ахæм ныфс ис.
Национ скъолайы домæн æнæниз æхсæнады алы хатт дæр ис, зæгъгæ, ацы ныхас бæлвырд кæны, иукъорд азы размæ Цæгат Ирыстон –Аланийы ахуыргæндтæ цы ахуырады модель бакуыстой, уый. Уый нæу раздæры ирон скъолайы хуызæн, нæдæр йæ ахуырадон прогрæммæтæй ,нæдæр йæ разы цы хæстæ æвæрд ис, уымæй.
Гимназы куысты бындур афтæхуыйнæг полилингвалон модель æвæрд кæй цæуы, уый æнæмæнг фæахъаз уыдзæн Гимназы фидæны куыстæн. Куынæ рауайа, зæгъгæ, ахæм гуырысхойы æнкъарæнтæ та дзы ис бынтон гыцыл. Уымæн æмæ эксперименты хуызы уый ныридæгæн равдыста йæ ахадындзинад. Ахсджиаг у, чингуытæ æмæ æндæр
21-æм æнусы фыццаг æмбис тынг æнæрынцой, талф-тулф æмæ æгъатырæй æвдисы нырма йæхи. Раст цыма рæстæг йæхæдæг дæр йæ цыд фæтагъддæр кодта, ахæм тæлмæн æвзæры адæймагмæ. 21-æм æнусы райдиан ма йæхи равдыста ног техникон ногдзинæдтæ æмæ алыхуызон информацион технологитæ кæй фæзынд, уымæй. Ахæм уавæры иугай нæ, фæлæ дæсгай хæттыты фæактуалондæр, чысылнымæц адæмы хæттытæн фесæфынæй тас кæй у, уый. Æмæ æцæг национ скъола та ам у иунæг – иу ирвæзыны хос.
Алайнаг гимназ бакæнын æнæмæнг суыдзæн историон цау. Фыццаджыдæр уымæй, æмæ ахæм мидис, ахæм програмæимæ скъола никума уыдис Ирыстоны ахуырады историйы. Дыккаджы та уымæн, æмæ 1964-æм азæй фæстæмæ фыццаг хатт ирон сывæллæттæ бацæудзысты ирон скъоламæ. Историон уыдзæн уымæй дæр, æмæ дæсгай азты фæстæ Ирыстоны хицæуттæй кæмæдæр фехъуысти фæдисы хъæр, чидæр сæ ныхъхъуыды кодта адæмы фидæныл. 155 азы размæ Колыты Аксо цы ирон скъола байгом кодта, уымæн амондджын разынд йæ хъысмæт. Уымæй ноджы амондджындæр фæуæд Ирон гимназы хъысмæт. Аксойы фарн та йæ разæй куыд цæуа, афтæ!