филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:23 пятница, 26 апреля 2024
13 апреля 2017, 21:13
Дзуринæгтæ. Мæнг зонады фыдбылызтæ…
Мæнг, хæдахуыр, кæнæ ма адæмон зонад дæр. Зонындзинæдтыл, фæлтæрддзинадыл, профессионалон иртасæн куыстыл чи нæ бындуриуæг кæнынц, ахæм хъуыдытæ, ныхæстæ æмæ хатдзæгтæ. Æвæццæгæн, нæ царды ахæм къабаз нæй, мæнг зонад йæ уидæгтæ кæм нæ ауагъта - кæм арфдæр, кæм уæлæнгайдæр.

Мæнг, хæдахуыр, кæнæ ма адæмон зонад дæр. Зонындзинæдтыл, фæлтæрддзинадыл, профессионалон иртасæн куыстыл чи нæ бындуриуæг кæнынц, ахæм хъуыдытæ, ныхæстæ æмæ хатдзæгтæ. Æвæццæгæн, нæ царды ахæм къабаз нæй, мæнг зонад йæ уидæгтæ кæм нæ ауагъта – кæм арфдæр, кæм уæлæнгайдæр. Уый кæмдæрты æцæг зонадыл иуварс дæр ма ахæцыди, бахъавыд ын йæ бынат бацахсынмæ.
Хæдахуыр, афтæхуыйнæг адæмон зонад незаманты фæзындис æмæ уыдзæн нырæй фæстæмæ дæр. Адæймаджы сæнттæн – фантазитæн бауромæн куыд нæй, афтæ уымæн дæр. Зæхх тымбыл кæй у, уый абоны онг кæй нæма бауырныдта, тъæпæн у, зæгъгæ, афтæ чи нымайы æмæ уый фæдыл сæрмагонд æхсæнадтæ чи аразы, уыдонæн цы хъуамæ бачындæуа? Æппындæр ницы.
Æмæ цас ахæм æхсæнадтæ æмæ къордтæ ис? Тынг бирæ. Cтæй ма хицæн адæймæгтæ дæр. Сæ нымæц бонæй бон кæны фылдæр. Адæймаджы цымыдис тыхджындæр кæны, зæгъгæ, æвæццæгæн, æрмæст уый нæу ахæм уавæры аххоссаг. Дзæвгар сты йæ аххоссæгтæ. Сæ сæйрагдæртæй иу, ног зонадон къабæзтæ кæй фæзыны, уый. Æмæ йæ диссаг цы у: ног иртасæнтæ рæстмæ нæма рфидар вæййынц, уыдон, куыд зонад, афтæ æххæстæй сæхи нæма равдисынц, сæ къахыл дæр нæма слæууынц, афтæ сæ цуры февзæры сæ мæнг халдихтæ. Ног ахуырады фарстытæ æхсæнадон цардыл, адæмы хаттыты историйыл, иумæйагæй, национ проблемæтыл кæд искæцырдыгæй ныдзæвынц, уæд хæдахуыр зонад дæр йæ базыртæ уым дардыл байтындзы. Мæнг ахуыргæндты нымæц ахæм зонады алыварс вæййы бирæ фылдæр, уым уæрæхдæр у сæ авналæнты, сæ фантазиты тыгъдад. Бæлвырд ахуырадтæ кæй хонæм, математикæ, физикæ, биологи, уыдоны алыварс дæр куынæ фæзилдух кæны алыхуызон мифтæ, фæлæ уыдонæн абарæн дæр нæй, зæгъæм, истори кæнæ æвзагзонынады алыварс цас мæнгдзинæдтæ æмæ хæдахуыр ахыргæндтæ сгуыппар вæййы, уымæн. Цæмæн афтæ у цымæ? Уымæн æмæ, гуманитарон зoнæдтимæ абаргæйæ, бæлвырд наукæ сæнттæ цæгъдынæн æмæ мифтæ мысынæн уыйбæрц уæгъд бынæттæ нæ ныууадзы. Ноджы ма уый тыххæй дæр, æмæ хæдахуыр ахуыргæндтæн сæ архайды сæйрагдæр нысан вæййы хи равдисын, адæмы фæстæзад, æнæахуыргонд хайæн истæмæйты – мацæмæйты сæ зæрдæ балхæнын, хъуыстгонд суæвын æмæ уый руаджы хи коммерцион мондæгтæ суадзын.
Мæнг ахуырадтæ æмæ мæнг, хæдахуыр ахуыргæндты сфæлдыстад се скойы аккаг дæр нæ уаиккой, уыдон канд профессионалон зонадæн нæ, фæлæ иумæйагæй æхсæнадæн зиан куынæ хæссиккой, уæд. Æмæ дзырд канд зианыл куы цæуид. Уыдон кæрæдзийы ныхмæ кæнынц адæмты, се хсæн сын тауынц хæрам, æнæуынондзинад.
Æрхæссæм иу цæвиттон. Ис ахæм ахуыргонд Анатолий Клесов. Химион зонæдты доктор, профессор. Ацы къабазы нымад у дæсны иртасæгыл. 1990-æм азы цæрынмæ ацыди Амерыкмæ. Йæ сæйраг куыстыл йæ зæрдæ цæмæн сивта, уый бæрæг нæу. Чизоны, йæ амбицитæн йæ зонадон æнтыстытæ фаг нæ разындысты ,æмæ уый тыххæй дæр. Уыдон та ахæм егъау сты, æмæ диссаг: дунеон историйы фæдыл незамантæй абоны онг цыдæриддæр фыст æрцыд, уыдон рафæлдахын æмæ сæ бынтон æндæр хуызы равдисын.
Химикмæ ахæм стыр ныфс кæцæй æрцыд,эæгъгæ, куы бафæсат,уæд йæ дзуапп цæттæ – ДНК генеалоги, зæгъгæ, ахæм дзыхъхъынног зонады руаджы. Нæ телекæсæг дæр уæдæ куынæ зондзæн, цы у, уый. Уæрæсейы федералон телеканалты дæр йæ кой арæх вæййы. Сæйраджыдæр та телевизион шоуты. Тугхæстæгдзинад сты æви нæ, зæгъгæ, ууыл чи дызæрдыг кæны, ахæм адæймæгты дзыхæй иучысыл сæты къуыбар рахафынц, ДНК анализы фæрцы сæ кæрæдзийыл абарынц, æмæ сын цыбыр рæстæгмæ сæ хъуыддæгтæ хурмæ ракалынц. Арæхдæр ныхас вæййы дыууæ фæлтæрыл. ДНК генеалоги кæй хонынц, уый та ахæм сæты къуыбæртты фæрцы иртасы, иу кæнæ иннæ адæмы хаттытæ 3, 4, 5 æмæ ноджы фылдæр мин азты размæ кæрæдзиимæ куыд тугхæстæг уыдысты, уый. Уый иу диссаг. Фæлæ йе стырдæр диссаг æмæ фыдбылызы хос та уый у, æмæ ахæм афтæхуыйнæг иртасæнтæ бирæтæ комкоммæ бæттынц, зæххыл ныртæккæ цы адæмтæ цæры, уыдонæн сæ абоны культурæимæ ,сæ царды уагимæ ,аргъ сын кæнынц незаманты цæстынгасæй. Клесовы ахуырады арæх ис ариаг, индоевропæйаг адæмты кой. Алантæ дæр дзы нæ ферох сты. Клесовы зондыл куы ацæуиккой, уæд кæрæдзийы цæгъдынмæ æрцæуиккой, ацы истори, ацы культурæ нæ мæн у, нæ мæн у, зæгъгæ. Æмæ хъыгагæн, ахæм фæндагыл цæуджытæ дæр ис. Аланты æмæ иннæ рагон адæмты тугæй абон кæй уæнгты фылдæр зилы, зæгъгæ, ууыл ерыс кæнын æмæ уымæ гæсгæ иу кæнæ иннæ адæмы хатты абоны цардæн аргъ кæнын – уымæй æнæсæрфатдæр хъуыддаг, æвæццæгæн, зын æрымысæн у. Историон фыдæлтæн сæ ном чи бахъахъхъæдта, се взагыл сын чи дзуры ,сæ культурæ сын абоны онг чи æрхæццæ кодта æмæ йæ дарддæр чи хæссы, уыцы адæм сты йæ фæдонтæ. Фондз мин азы размæ тугхæстæг цы адæмтимæ уыдысты, уыдон се ппæт нæ, фæлæ. Уый хауы алантæм дæр æмæ кæцыфæнды æндæр адæмы хаттмæ дæр.
Ирон адæм дæр мифтæ фæлдисынæй фæсте никæмæй баззадысты. Кæцыфæндырдæм ма фæкæс, æвзагзонæг дæм дзы рагæпп кæндзæн кæнæ историк. Æмæ дын нæ мадæлон æвзаджы ратæдзæнтæ дæ разы цæттæйæ авæрдзæн, нæ адæмы историйы дзыхъхъынног атлас дын дæ разы цæстыфæныкъуылдмæ айтындздзæн.
Æнæнхъæлæджы ницы вæййы. Хæдахуыр зонадтæ æмæ ахуыргæндтæ кæй сбирæ сты, уый дæр æнæмæнг дуджы æууæл у. Сæрибар æмæ уæгъдибары æнкъарæнтæ кæрæдзийы мидæг ауадысты. Се хсæн арæн кæй ис, æмæ уымæн йæ сæрты хизын адæмы культурæ кæй æгад кæны, уый æргомæй хъуамæ исчи зæгъа. Ахæм бæрнондзинад, ахæм ныхас паддзахадæй куы рацæуа, уæд уый уыдзæн æппæты растдæр уынаффæ, уымæн æмæ дзырд адæмы культурæйыл цæуы æнæхъæнæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania