филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:57 четверг, 02 мая 2024
09 декабря 2015, 09:00
Дзуринæгтæ. Плиты Таймуразы æртæ бæллицы. Дыккаг хай
Национ культурæйы цыдæриддæр хорзæй ис, уыдон дунейы дзыллæты хсæн куыд парахат кæнын хъæуы, уый ныр 50 азы бæрц йæхи сæрмагонд цæвиттонæй æвдисы Плиты Таймураз. Æвæллайгæйæ æмæ разæнгардæй. Йæ эксурситы æмæ лекциты руаджы. Ахæм куыст иттæг ахсджиаг канд уымæн нæу, æмæ дзы ныхас æнæхъæн адæмы ном æмæ кадыл цæуы, фæлæ ма уый тыххæй дæр, æмæ Паддзахадырдыгæй культурæйы хъуыддæгтæм, иумæйагнацион фарстытæм алы хатт дæр уыдис уæлæнгай, куыдфæндыйы ахаст.

Национ культурæйы цыдæриддæр хорзæй ис, уыдон дунейы дзыллæты хсæн куыд парахат кæнын хъæуы, уый ныр 50 азы бæрц йæхи сæрмагонд цæвиттонæй æвдисы Плиты Таймураз. Æвæллайгæйæ æмæ разæнгардæй. Йæ эксурситы æмæ лекциты руаджы. Ахæм куыст иттæг ахсджиаг канд уымæн нæу, æмæ дзы ныхас æнæхъæн адæмы ном æмæ кадыл цæуы, фæлæ ма уый тыххæй дæр, æмæ Паддзахадырдыгæй культурæйы хъуыддæгтæм, иумæйагнацион фарстытæм алы хатт дæр уыдис уæлæнгай, куыдфæндыйы ахаст. Фæстаг 10-15 азы уавæр ацы къабазы ссис ноджы вазыгджындæр. Уый баст у ног, технологион дуджы æнæзæрдæмæдзæугæ æууæлтимæ. Уыдон сты æргом, цы зиан хæссынц, уый дæр сусæг никæмæн у, фæлæ сыл хъæрæй дзурæг нæй, иугай адæймæгты йедтæмæ. Ныхас цæуы ног æхсæнадон æмæ информацион технологиты уавæрты адæмы удыхъæды иумæйагæй цы ивддзинæдтæ цæуы, уыдоныл. Се ндæвдад, сæ архайд национ удыхъæды уидæгтæм дæр бавнæлдта. Хуыскъ сæ кæны, халы сæ. Уыцы бынхалæн æндæвдады канд иумæйагнацион хæзнатæ нæ бахаудысты, ахæмтæ, куыд мадæлон æвзаг, культурæ, фæлæ ма ирон адæймаджы удыхъæды æууæлтæ дæр. Хорз æмæ æвзæр, раст æмæ зылын, кад æмæ æгад сæ бынæттæ фæивтой. Национ царды æууæлтæ иуварс æппæрст æрцыдысты, ныры дугыл нал фидауынц, зæгъгæ, ахæм æфсонæй. Уавæр сраст кæнын, ног дуджы домæнтæн дзуапп чи дæтта, ахæм нырыккон национ дæнцæгтæ бавдисын – уый æрмæст паддзахады бон суыдзæн. Æмæ ирон хицаудзинад уыцы хъуыддаг йæхимæ кæй нæ исы, ахæм хæсмæ йæ ныфс кæй нæ хæссы, уый у æппæты уæззаудæр фарст, ирон адæмы раз цы проблемæтæ лæууы, уыдоны хсæн. Национ фарстытæ бындуронæй лыггонд кæй нæ цæуынц, уымæн дæр уый у йæ аххоссаг. Плиты Таймуразмæ ацы фарсты фæдыл дæр йæхи сæрмагонд хъуыды ис. Нырыккон технологитæ фæцырддæр кодтой нæ адæмы удыхъæд халыны хъуыддаг. Сæ пайда кæд 1 процент у, уæд 10 ахæм та сæ зиан, зæгъы Таймураз. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ирон лæджы æнæлаз этикет халынмæ раздæр бавнæлдæуыд, 19-æм æнусы, æмæ уыцы халæг уыди æхца. Уæрæсейæн йæ хъуыддæгтæ цæмæй рæвдздæр цыдаиккой Кавказы, уый тыххæй сарæзта «Фонд для приласкания старейшин диких кавказских племен», зæгъгæ. Æмæ уый фæрцы Ирыстоны дзырддзæугæдæр лæгтæн сæ зæрдæ æлхæдтой, æмæ абон дæр ирон адæмы сæйрагдæр знаг уый у – æхца. Таймураз йæ хъуыдыты рæстдзинадыл æппындæр нæ дызæрдыг кæны. Кæд ын æнцон нæу йæхи адæмæй ахæм ныхæстæ дзурын, уæддæр. Дзырдта æмæ сæ дзуры, диссиденты ном дæр ыл, æвæццæгæн, уымæн сбадти.
60-æм азтæй фæстæмæ республикæйы 5 разамонæгимæ нæ бафидыдтон, культурæйы фарстыты фæдыл æдзух семæ тох кодтон, æмæ мæ уыдон дæр, сæ бон куыд уыди, афтæ сæ маст истой, зæгъгæ, Плиты Таймураз афтæ кæмæй зæгъы, раст уыцы хицæутты рæстæджы бакъуындæг ис национ цард, æмæ йæ абоны глобализацийы уавæртæ æдыхæй уымæн æрæййæфтой. Йæхигъæдæй йæ къахыл слæууа, уый йæ бон нал у. Æмæ ахæм уавæр у, Плийы фырт кæимæ тох кодта, сæ цæсты сындз кæмæн уыди, уыцы разамонджыты æбæрнондзинады фæстиуæг. Хъыгагæн, ахæм у историйы закъон. Ахæм тыхджын æмæ ахсджиаг у, адæмы сæргъы кæй сæвæрынц, уыцы иу адæймаджы архайд, йæ зондахаст, йæ бæрнондзинад. Плиты Таймураз йæ адæмы хъысмæт кæм лыг кодтаид, ахæм бынаты никуы куыста, фæлæ дзы чи уыдис, уыдонæн 50 азæй фылдæр сæ цæстмæ карзæй дары сæ æбæрнондзинад. Иннæмæй та йæхимæ ахæм бæрнондзинад æнкъаргæйæ, уый дæсгай азты удуæлдайæ архайы йæ нацийы культурæ æндæр адæмты хсæн лæгæй –лæгмæ апарахат кæныныл. Йæ адæмы хъæндзинæдтыл афтæ карзæй æмæ комкоммæ кæй дзуры, уым та, æвæццæгæн, диссагæй ницы ис – ахæм цæвиттонтæ тынг арæх сты Уæрæсейы æмæ дунеон литературæйы хуыздæр уацмысты – йæ Райгуырæн бæстæйы хъæндзинæдтыл йæ зæрдæ фылдæр кæмæн риссы, йæ кад, йæ намысыл ын зæрдиагæйдæр чи сагъæс кæны, уыцы адæймæгтæ æппæты карздæрæй дзурынц сæ адæмы худинаггæнæг миниуджытыл. Плиты Таймураз дæр æнæмæнг уыцы адæймæгтæм хауы. Йæ зæрдæ кæуыл бахуды, уыдонæй æппындæр никæуыл ауæрды, хуымæтæг кусæг у æви бæрзонд бынат ахсæг чиновник – уæлдай йын нæу. Ахæм æбыхсон æмæ принципон ахаст алкæй зæрдæмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ цæуы, уæлдайдæр та, йæ критикæ кæй ныхмæ арæзт вæййы, уыдоны зæрдæмæ. Уымæ гæсгæ сусæг – æргомæй йæ ныхмæ дзурджытæ цъус не сты, фæлæ уыдон ницы ахадынц, уымæн æмæ, Таймуразы ныхасыл, йæ зонындзинæдтыл чи æууæнды, йæ æвæллайгæ иртасæн куыст æмæ йын йæ граждайнаг позицийæн стыр аргъ чи кæны, уыдон сты бирæ фылдæр. Плиты Таймураз ирон историйыл, ирон культурæйыл цы фыссы æмæ куыд дзуры, уый æппæты тынгдæр фæсивæды зæрдæмæ цæуы. Чи зоны, уый тыххæй, æмæ сыл йæхæдæг дæр тынг ауды, нæ сын хæлæг кæны йæ царды фæлтæрддзинад, цæстуарзонæй сын æххуыс кæны сæ зонадон куысты. Ахæм æмуд, ахæм зæрдиаг ахастытæ йын кæй ис æвзонг фæлтæримæ, уымæй тынг буц æмæ райгонд у Плийы фырт.
Æцæг гуманитари, зæгъгæ, æнæмæнг афтæ схонæн ис Плиты Таймуразы. Йæ профессионалон цымыдис дæрдтыл æнхъæвзы – истори, адæмон сфæлдыстад, литературæ, аивады алы хуызтæ, спорт. Æмæ йын уыдонæй алы къабазы фæдыл дæр ис йæхи сæрмагонд цæстынгас. Цæвиттон, литературæйы. Афтæ рауад, æмæ мын ме мдзæвгæтæ цалдæр бæзджын тетрады фыстæй денджыз аласта, æндæра поэт куы рауадаин, уымæй дæр тæссаг уыди, хъазæн ныхас кæны Таймураз. Афтæ рауади мæ хъуыддаг спорты дæр. Æмæ ма бирæ æндæр цымыдисон цаутæ æмæ факттæ. Сæ иу та мæнæ ахæм. Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт футболон командæ куы арæзтой, уæд Тбилисæй фæхуыдтой æртæ хорз хъазæджы, сæ иу ирон, Козатæй. Ардæм нæ куымдтой, фатертæй нæ сифтонг кæнут, зæгъгæ, домдтой, æмæ мæ уæд бахъуыди мæ ордер Козайы фыртæн раттын, дзуры ма йæ царды æнкъард цаутæй сæ иу Таймураз. Афтæ баззадтæн æнæхæдзарæй, æмæ нырма бынтон æрæджы ссардтон мæхи сæрмагонд къуым.
Æмæ уæддæр Плиты Таймуразæн йæ сæйраг дзуринаг Ирыстоны сæйраг сахар Дзæуæджыхъæу у. Æппæты фылдæр ууыл тыхсти æмæ тыхсы абон дæр йæ уд. 25 азы фæзылдтæн Тæгиаты æмæ Куырттаты зæрæдтыл, æмбырд кодтон æрмæг Быгъуылты Дзæуджы тыххæй. Цæмæй нæ горæты ирондзинад, йæ истори дзырддаг макæмæнуал уа, зæгъы Плийы фырт. Афтæ кæй у, уый та сæйраджыдæр иуæй -иу историкты аххос кæны Таймураз. Иу чиныгæй иннæмæ хастой зыгъуыммæ факттæ. Æгæрыстæмæй ма нæхи национ музейы кусджытæ дæр кæддæр ахæм официалон гæххæтт ныффыстой, Дзæуг æрымысгæ адæймаг у, зæгъгæ. Сæ бынæттæн тæрсгæйæ æцæгдзинады ныхмæ цæуыныл æмæ историон факттæ зыгъуыммæ кæныныл дæр нæ ауæрстой. Цалынмæ нæ 90-æм азты æхсæнадон -политикон уавæртæ на алхъывтой, уæдмæ ацы фарст нæ хицæуттæ дæр ницæмæ дардтой. Уыцы рæстæг Мæскуыйы æфсæддон –историон музейы цы диссаджы документтæ ссардтон нæ горæты тыххæй, уыдоныл, куыд фæзæгъынц, мæ ныццыдмæ бындз дæр никуы абадти, никæй хъуыдысты. Ныр мæ бæллицтæй иу у цыдæриддæр мæм æрмæг ис Дзæуджыхъæуы тыххæй, уыдон хицæн чиныгæй рауадзын. Уый хъуамæ уа, æрмæстдæр æцæг факттыл чи бындуриуæг кæндзæн, ахæм чиныг. Дыккаг бæллиц – нæ номдзыд инæлар æмæ хъайтар Плиты Иссæйыл йæ рæстæджы цы цъыф калдтой, уымæй йæ ссыгъдæг кæнын. Æмæ æртыккаг – мемуартæ ныффыссын, мæ царды цы диссæгтæ федтон, уыдон адæмæн радзурын.
2015 азы октябры мæйы 16-æм бон Цæгат Ирыстоны цытджын æгъдауæй нысан æрцыд Плиты Таймуразы 80-азы бон. Национ библиотекæйы залы уымæн лæвæрд æрцыд майдан «Ирыстоны кадæн». Хорзæхы номы цы дзырдтæ ис, уыдон æххæстæй æвдисынц Плиты Таймуразы цард æмæ фæллой. Аккаг хорзæх, кæд ыл æрæджиау сæмбæлд, уæддæр. Ныр та ноджыдæр йæ хъуыдытæ нæ царды ахсджиагдæр хъуыддæгтыл, цы уыдис æмæ æмæ йæм дарддæр цы фæндтæ ис ,уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania