филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:18 четверг, 02 мая 2024
07 декабря 2015, 09:00
Дзуринæгтæ. Плиты Таймуразы æртæ бæллицы. Фыццаг хай
Рæстдзинад дзурын, куыд дæ уырны æмæ йæ куыд зоныс, афтæ; кæйдæр зæрдæмæ фæцæудзæн æви нæ фæцæудзæн, ууыл ма хъуыды кæн, афтæмæй – дæхи сæрмагонд принциптыл æнувыд уæвын цæргæ цæрæнбонты -уый æнæмæнг адæймаджы курдиаттæй æппæты зынаргъдæр æмæ тыхджындæр у. Æмæ, æвæццæгæн, арæх уый тыххæй не мбæлы царды мидæг, уымæн æмæ зын у ахæм курдиатимæ цæрын. Плиты Таймураз ныр 80 азы хæссы уыцы уаргъ, æмæ йын иубакастæй цыма æппындæр ницы уæз кæны, фæлæ уый, кæй зæгъын æй хъæуы, афтæ нæу, уымæн æмæ цы æхсæнады схъомыли, йæ сæрызонд цы цардыуаджы бахсысти, уым рæстдзинад дзурынмæ, уæлдайдæр та национ фарстыты фæдыл – иугай адæймæгтæ хастой сæ ныфс.

Рæстдзинад дзурын, куыд дæ уырны æмæ йæ куыд зоныс, афтæ; кæйдæр зæрдæмæ фæцæудзæн æви нæ фæцæудзæн, ууыл ма хъуыды кæн, афтæмæй – дæхи сæрмагонд принциптыл æнувыд уæвын цæргæ цæрæнбонты -уый æнæмæнг адæймаджы курдиаттæй æппæты зынаргъдæр æмæ тыхджындæр у. Æмæ, æвæццæгæн, арæх уый тыххæй не мбæлы царды мидæг, уымæн æмæ зын у ахæм курдиатимæ цæрын. Плиты Таймураз ныр 80 азы хæссы уыцы уаргъ, æмæ йын иубакастæй цыма æппындæр ницы уæз кæны, фæлæ уый, кæй зæгъын æй хъæуы, афтæ нæу, уымæн æмæ цы æхсæнады схъомыли, йæ сæрызонд цы цардыуаджы бахсысти, уым рæстдзинад дзурынмæ, уæлдайдæр та национ фарстыты фæдыл – иугай адæймæгтæ хастой сæ ныфс. Уыдон, куыд фæзæгъынц, хъулон дардтой адæмы хсæн. Уæды разамонджытæн ахæм адæймæгты сæ цæсты сындз уыдысты, уымæн æмæ, сæ хъуыдымæ гæсгæ, национ проблемæтыл дзурын уыдис официалон коммунистон идеологийы ныхмæ. Æмæ сæ бынæттæн тæрсгæйæ, куыд сæ бон уыдис, афтæ сæ маст истой уыцы адæймæгтæй: ахуырмæ сæ нæ уагътой, куыст сын нæ лæвæрдтой, æнæхай сæ кодтой цæрæнуатæй. Хицæутты цæсты бахауынæй тæрсгæйæ, семæ сныхас кæнынæй, сæ цуры æрлæууынæй дæр йæхи чи хызта, ахæм адæм дæр уыдис. Уыцы дугæн, хорз у æмæ кæрон æрцыд, фæлæ еуæды мæстытæ абон дæр йæ зæрдæ кæмæн судзынц, уыдонæй у Плиты Таймураз дæр. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй ирон адæмы истори иртасын куы райдыдта, уæдæй абонмæ дзæвгар азтæ аивгъуыдта. Кæрæдзи ивтой республикæйы хицæуттæ, æмæ сæ алчи дæр тох кодта æнæсæттон историкы ныхмæ. Цæй тыххæй? Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй рæстдзинад кæй дзырдта, уый тыххæй. Ирыстоны культурæмæ, йæ историмæ уæлæнгай цæстæй кæй кастысты, уый тыххæй, сæ Фыдыбæстæйы цыма сæ сæрмæ дæр нæ хастой, афтæ. Исчи сæм куы фæхъыг уа, уымæй тæрсгæйæ, хи культурæ, хи национ хæзнатæ, историон рæстдзинад къæхты бын сæвдулыныл дæр нæ ауæрстой. Плийы фырт сын уыдæттæ сæ цæстмæ дардтой, æмæ æмæ уый охыл уыдис сæ тох йемæ.
Историк, йæ курдиатæн ын чи аргъ кæны, уыдонæн. – бæстæзонæг, адæмон сфæлдыстад æмбырдгæнæг æмæ иртасæг, ахуыргæнæг, æхсæнадон архайæг… Афтæ зæгъæн ис, æмæ туризм Ирыстоны кæй фæрцы фæзынд, йæ фыццаг къахдзæфтæ кæй руаджы акодта, уыдонæй сæ иу у Таймураз. 50 азы дæргъы уый Ирыстоны уазджыты кæцы рæсугъд къуымæй, кæцы комæй нæ ракæсын кодта, кæцы историон цыртдзæвæн сын нæ равдыста, ахæм нал баззад. Цынæхуызæн легендæ сын радзырдта ирон адæмы рагзаманы цардæй, Ирыстоны удварны хæзнаты хъæздыгдзинад цал æмæ цал мин адæймагæн райхæлдта æмæ сын æй бауарзын кодта йæ цымыдисон экскурситы рæстæджы!.. Æвæлайгæ æмæ æнæрынцой удыхъæды хицау, сывæллонау сыгъдæгзæрдæ, уый никуы никæмæн бахæлæг йæ зонындзинæдтæ, йе ххуысс, – ахæмæй зонынц Ирыстоны дзыллæтæ Плиты Таймуразы. Хуымæтæг, фæлмæнзæрдæ, адæмуарзон, фæлæ иннæмæй та карз, æргомдзырд æмæ æбыхсон æнæрæстдзинады раз; æгъатыр, Ирыстон æрмæст пайдайы хосæн кæй хъæуы, ахæмтæм. Иннæахæм адæмы раз ныхас кæнынмæ куыд арæхсы, куыд дæсны æмæ аив дзуры, алкæй дæр йæхимæ куыд æрыхъусын кæны, уый. Куыд йæхи мадæлон æвзагыл, афтæ уырыссагау дæр.
Ацы ныхæстæ æнæмæнг æгæр хуымæтæг æмæ иугъæдон сты Плиты Таймуразы удыхъæд бамбарынæн, уымæн æмæ æгæр вазыгджын, æгæр алыхуызон, æгæр ныхмæвæрд у йæ цард. Суанг йæ сабибонтæй абоны онг. Хъæздыг алыхуызон цаутæй. Йæхи ныхæстæм гæсгæ, уыдон сæ фылдæр уыдысты зæрдæрисæн, драматикон. Таймуразæн æрдз канд романтикон, рæстдзинадыл мард æмæ ныфсхаст удыхъæд нæ фæхай кодта ,фæлæ ма иукъорд æндæр курдиаты дæр. Цæвиттон, уый уыдис диссаджы акробат, спорты мастер. Йæ Фыццаг цы уæлдæр ахуырад райста ,уый дæр спорты фæдыл у – Цæгат Ирыстоны университеты физкультурæйы факультет. Акробатикæйы уымæн цытæ æнтысти, уыдæттæ уыцы рæстæг йæ къухы никæмæн æфтыд Уæрæсейы дæр. Гиннессы рекорды аккаг чи сты, ахæм элементтæ. Мæскуыйы йыл сæ цæст æрæвæрдтой, Циркмæ нæм куыстмæ æрбацу, зæгъгæ, йæ зæрдиагæй хуыдтой, цæрыны хуыздæр уавæртæй йын зæрдæ æвæрдтой, фæлæ нæ ныллæууыд -мæ ныййарджыты иунæгæй куыд ныууадзон, зæгъгæ. Уыдис æм актер суæвыны стыр бæллиц. Æнтыстджынæй фæлварæнтæ радта Мæскуыйы, ВГИК –ы, æнхъæлмæ касти, кæд æм фæсиддзысты ахуырмæ, фæлæ та ам дæр нæ фæрæстмæ йæ хъуыддаг. Йæ мады фидар фæндоны ныхмæ йæ бон ницы уыди – афтæ зынаргъ ын уыдысты йæ ныййарджытæ. Æмæ баззади. Уый бæсты йæ арвыстой хохмæ, ирон цыхт ,куыд дæнцæгæн ,афтæ Мæскуымæ арвитынмæ цæмæй бацæттæ кæна, уый тыххæй. Уыцы рæстæг йæ романтикон уд фемдзасти йæ адæмы историмæ, культурæмæ, адæмон сфæлдыстадмæ æмæ уыцы хъуыддагæн снывонд кодта йæ хъомысджын курдиат. Бирæ хæттыты лæууыди цард æмæ мæлæты хсæн æрдуйы хид кæй хонынц, ууыл. Фæстаг хатт, 2002-æм азы Хъолайы цъити куы раскъуыди, уыцы рæстæг. Еуæд, никæмæн ницы загъта, афтæмæй, кæд ма искæмæн исты феххуыс уаин, уыцы бынæттæ мæ хуызæн чи зоны, зæгъгæ, атагъд кодта трагедийы бынатмæ, фæлæ ма йæхи сæр дæр тыхæйты аирвæзти. Чи фæкæндзæн Плиты Таймуразы царды хабæрттæ æнæхъæнæй -уыдонæн чиныг хъæуы ,æмæ ахæм чиныг, Хуыцауы фæндæй кæд фæзынид Таймуразæн йæхи къухфыстæй. Йæ курдиатæн ын чи аргъ кæны, уыдонæн Плийы фыртæн йæхимæ хъусын – уый у æппæты цымыдисондæр æмæ æхцондæр.
Райгуырд æмæ бахъомыл бахъомыл Æрыдоны районы Мичурины хъæуы. Уырдæм цæугæйæ, фæндагыл райдыдта нæ ныхас.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania