Ирон адæмы удварны культурæ хъæздыг æмæ бирæвæрсыг у. Æртæ эпосы- æрмæст уыдон дæр æнæхъæн дун-дуне сты, адæймаджы дунеæмбарынады алы къуыммæ дæр æххæсынц. Эпосимæ æнгом баст у динон уырнындзинад дæр.
Ирон адæмы удварны культурæ хъæздыг æмæ бирæвæрсыг у. Æртæ эпосы- æрмæст уыдон дæр æнæхъæн дун-дуне сты, адæймаджы дунеæмбарынады алы къуыммæ дæр æххæсынц.
Эпосимæ æнгом баст у динон уырнындзинад дæр. Ацы бастдзинад, ыстæй ма, рагзаманты нæ рагфыдæлтæ дун –дуне куыд æмбæрстой,уый æппæты æххæстдæрæй æвдыст цæуы Нарты кадджыты. Йæ мидис, йæ кар æмæ йæ нысаниуæгмæ гæсгæ уый лæууы дунейы æппæты хъæздыгдæр æмæ зындгонддæр эпосты æмрæнхъ. Æмæ уым Уæларвон зæд Уастырджи у сæйрагдæр архайджытæй иу. Йæ хæрзиуæгон æндæвдад, ирон адæмы зондахасты йæ ныфсдæттæг тых æнусты сæрты рахизгæйæ, абон дæр сты тыхджын æмæ цæрæццаг. Æмæ канд Нарты кадджыты нæ, фæлæ адæмон сфæлдыстады æндæр жанрты æмæ адæмы æрвылбон царды дæр.
Уастырджийы кад, адæммæ йæ зæрдæахаст сты æнæаипп æмæ æнæзæрдæхудт. Йæ тых у æнæкæрон, у куыд уæларвон, афтæ зæххон цæрæг дæр. Ис ын бастдзинад зæдтимæ дæр æмæ адæмимæ дæр. Алæмæтон у йæ хъару: суанг ма марды судæгас кæнын дæр у йæ бон.