филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:03 суббота, 27 апреля 2024
17 декабря 2019, 13:01
5-аздзыд Пухаты Мария бахауд Уæрæсейы рекордты чинынгмæ

Рæвдауæндоны хъомылгæнинаг цæуы тхэквондойы секцимæ дæр, æмæ ам сахуыр иу къахыл сбадыныл æмæ слæууыныл, афтæ минутмæ 20 хатты

Спортивон сгуыхтдзинад. 5-аздзыд Пухаты Мария бахауд Уæрæсейы рекордты чинынгмæ. Рæвдауæндоны хъомылгæнинаг цæуы тхэквондойы секцимæ дæр, æмæ ам сахуыр иу къахыл сбадыныл æмæ слæууыныл, афтæ минутмæ 20 хатты. Чи у Марийæйы тренер, æмæ цы нысантæ æвæры дарддæр сывæллон йæ размæ, уый тыххæй радзурдзæн Моргуаты Ладæ.

5 аздзыд Мария æнцонтæй æххæст кæны йæ тренеры амынддзинæдтæ. Тхэквондойы секцимæ чызг æрбацыд йæ хистæр æфсымæры фæстæ. Афæдзмæ бирæ цыдæртæ базыдта, уыимæ ма иу къахыл минутмæ йæ бон у 20 хатты æрбадын æмæ слæууын. Уый у Уæрæсейы рекорд æмæ чызджы ном хаст æрцыд сæрмагонд чиныгмæ.

Цæмæй рекорд къухы бафта, уый тыххæй сæххæст кæнын хъуыд цалдæр фæткы. Иу къахыл æрбадын æмæ слæууыны фæлтæрæнтæ хуымæтæджы нæ равзæрста. Тхеквондойы спорты чи ис, уыдонæн къæхты тых у сæйрагдæр. Мария та зæгъы, йæ бон 20 хаттæй фылдæр кæй у æрбадын æмæ сыстын.

Йæ майданæй Мария у сæрыстыр. Зæгъы ныфс ын радтой йæ ныййарджытæ, тренерыл кæй баууæндыдысты, стæй зæрдиагæй кæй цæттæ кодта йæхи. Аликæн та Мария у дыккаг хъомылгæнинаг, Уæрæсейы  рекордты чиныгмæ чи бахауд.

Мария нырма цæуы рæвдауæндонмæ, уый фæстæ та тхэквондомæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй ацы спорты хуыз ын гимнастикæйæ æнцондæр у. Ам сахуыр гæпп кæнын, хи ивазын æмæ æндæр спортивон фæлтæрæнтæ кæныныл. Стæй ма ам базыдта – размæ æвæрд нысанмæ уæндонæй цæуын. Ныр дæр та йæ размæ сæвæрдта ног хæс. Фæнды йæ 50 хатты æрбадын æмæ слæууын, кæнæ та æндæр фæлтæрæнтæй æппæтæй хуыздæр уæвын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania