филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:46 суббота, 27 апреля 2024
03 июня 2020, 16:48
7-аздзыд Ева Геладзе у рекордтæ æвæрæг

Уыимæ йе стырдæр бæллиц у Олимпаг чемпионкæ суæвын

Рекордтæ æвæрæг 7-аздзыд чызг Ева Геладзе тырны спорты бæрзæндтæм. Уыимæ йе стырдæр бæллиц у Олимпаг чемпионкæ суæвын. Йæ тренер ыл йæ цæст æрæвæрдта, 2 азы йыл куы цыди, уæд. Ныридæгæн дæр Алик Бучукурийы дыууæ хъомылгæнинаджы Хъараты Сабинæ æмæ Пухаты Мария хаст æрцыдысты Уæрæсейы рекордты чиныгмæ. Ныр та уырдæм цæттæ кæны Евæйы, фæлæ кæстæр кары категорийы.

Ахæм фæлтæрæнтæ авдаздзыд тхеквондисткæ иу минутмæ скæны дыууын фондз хатты. Уыимæ сæ сæххæст кæны, куыд æмбæлы, афтæ. Йæ тренер ын йæ курдиат раргом кодта, командæйы иннæ уæнгтимæ тренировкæтæ кæнгæйæ. Уæд æвзонг чызг равдыста се ппæтæй хуыздæр бæрæггæнæнтæ. Уæвгæ, Алик Бучукурийы дыууæ хъомылгæнинаджы Хъараты Сабинæ æмæ Пухаты Мария ныридæгæн дæр хаст æрцыдысты Уæрæсейы рекордты чиныгмæ. Ныр та Алик цæттæ кæны Евæйы, фæлæ кæстæр кары категорийы.

Хъæбысхæсты хуызтæм уарзондзинад Евæмæ фæзынди, дыууæ азы йыл куы цыди, уæд. Афтæмæй бафæзмыдта йæ хистæр æфсымæры. Уый дæр цыди ацы секцимæ.

Евæ залмæ, къуыри æртæ хатты бæсты алы бон дæр кæй æрбацæуы, уый дæр дзурæг у æвзонг чызджы спорты бæрзæндтæм тырнындзинадыл.

Рекордты чиныг уый у фыццаг къæпхæн. Йæ уарзондæр спорты хуызы Евæ фæнд кæны уæлдæр къæпхæнтæм схизын. Сæйрагдæр, кæй зæгъын æй хъæуы, у Олимпаг майдан рамбулын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania