филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:23 суббота, 27 апреля 2024
04 октября 2019, 15:00
Дыгуры районы зæхкусджытæ разыйæ баззадысты сæ фæззæджы бæркадæй

Ныртæккæ ам æмбырд кæнынц картоф, сойæ æмæ нартхоры тыллæг. Быдыры куыстытæ канд комбайнтæй нæ кæнынц, фæлæ хæссынц къуыхфæллой дæр.

Дыгуры районы зæхкусджытæ разыйæ баззадысты сæ фæззæджы бæркадæй. Ныртæккæ ам æмбырд кæнынц картоф, сойæ æмæ нартхоры тыллæг. Быдыры куыстытæ канд комбайнтæй нæ кæнынц, фæлæ хæссынц къуыхфæллой дæр. Æвдисæн сын уыд не сфлæдыстадон къорд дæр æмæ ныхасы бар Гутьиаты Алинæйæн

Картоф, нартхор, соя. Дыгуры районы æфснайынц тыллæг. Æмæ кæд сæрд къæвдажын рауад, уæддæр аграрийты дæсныдзинады фæрцы æппæт нысантæ сæ къухы бафтыдысты. Пайда кодтой нырыккон ифтонггарзæй. Францусаг ног сепаратор, фермерты ныхæстæм гæсгæ, ноджы хуыздæр æвзары нæмгуытæ, стæй сæ бырæттæй луары.

Хадаты Георгийы хæдзарад та ацы хатт дæр ис раззагдæрты рæнхъы. Холыйы нартхор сфаг уыдзæнис æрмæст нæ республикæйæн нæ, фæлæ ма Гуырдзыйæн, Арменийæн æмæ Иранæн. Дыгуры районы бырыдты ныртæккæ æфснайынц картоф дæр. Ацы аз æрзайын кодтой дыууæ хуызы. Куыстыты та архайы цалдæр бригады.

Нартхоры тыллæг дæр ацы аз тугыл аскъуыд. Зæххыты цыппæрдæс мины æмæ æхсæзсæдæ гектарæй нартхор бацахста цыппæрдæс гектары. Æнхъæлмæ кæсынц сæдæ мин тоннæйы тыллæгмæ. Картоф дæр хъуамæ ма фæфыдæнхъæл кæна — зæгъынц хъæууонхæдзарады управленийы.

Тагъд рæстæг бавналдзысты соя æфснайынмæ. Ацы хатт байтыдтой, æрæгмæдæр чи сцæттæ вæййы, уыцы хуыз. Кæд боныхъæд нæ фæсайа, уæд æй æфснайын райдайдзысты ног къуырийы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania