16 марта 2020, 12:32
Футболон клуб «Алани» ацы сезоны профессионалон футболы лигæйы хуссайраг къорды сси уæлахиззау
Йæхи фæзы 4:0 хыгъдæй фæуæлахиз Краснодар3-йыл
Футболон клуб «Алани» ацы сезоны профессионалон футболы лигæйы хуссайраг къорды сси уæлахиззау. Йæхи фæзы 4:0 хыгъдæй фæуæлахиз Краснодар3-йыл. Хыгъд байгом фыццаг таймы 28-æм минутыл. Гол бакъуырдта Хæбæлаты Алан. Фæстæдæр командæйы сæйраг тренер Гогниты Спартак куыд загъта, афтæмæй, уый сын тынг баххуыс кодта, бауагъта сæ ныфс. Уымæн æвдисæн Ислам Машуковы дыууæ пуртийы ныхмæлæуджыты дуарыл æмæ кæронбæттæн Засеты Азæмæты гол. Ныр сæ тых æмæ хъару араздзысты фидæны матчмæ. 21-æм мартъийы Астраханы фембæлдзысты командæ «Волгарь»-имæ.