27 ноября 2020, 12:45
Иумæйаг паддзахадон фæлварæнты рагагъоммæйы хатдзæгтыл æрдзырдтой радон кусæг æмбырды
Сæрдариуæг дзы кодта хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ
Иумæйаг паддзахадон фæлварæнты рагагъоммæйы хатдзæгтыл æрдзырдтой радон кусæг æмбырды. Сæрдариуæг дзы кодта хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ. Куыд фæнысан кодтой, афтæмæй зонындзинæдтæ бæрæггæнæн куыст арæзт уыд бæрзонд æмвæзадыл. Уæрæсейы фæлхасадон цæдисы амынддзинадмæ гæсгæ арæзт æрцыдысты æдасдзинады мадзæлттæ. Бæстыхай скодтой дезинфекци æмæ йæ сифтонг кодтой уæлдæф сыгъдæггæннæтæй. Радтой сын къухтæ пырхгæнæнтæ, медицинон маскæтæ, æрмкъухтæ æмæ æнæндзæвгæ буары тæвдбарæнтæ. Ахуырдзауты хсæн уыд метр æмæ рдæг. Уымæй уæлдай, фæлварæнтæ кæм цыдысты, уым сæвæрдтой æфсæйнаг иртасæнтæ æмæ, бастдзинад чи мынæг кæны, ахæм кусæнгæрзтæ.
темæмæ гæсгæ