08 октября 2019, 12:30
Краснодары кæронмæ æрхæццæ 5-æм Æппæтуæрæсеон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй юниорты хсæн
Ерыстæ уыдысты номарæн, æмæ баст уыдысты Олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты призер, дунейы 4 хатты чемпион Къудухты Бесикы номимæ.
Краснодары кæронмæ æрхæццæ 5-æм Æппæтуæрæсеон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй юниорты хсæн.
Ерыстæ уыдысты номарæн, æмæ баст уыдысты Олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты призер, дунейы 4 хатты чемпион Къудухты Бесикы номимæ. Цæгат Ирыстоны иугонд командæ дзы рамбылдта 10 хæрзиуæджы. Сæ категориты уæлахиздзаутæ систы Найфонты Алан, Цъыккаты Сослæнбег, Гæззаты Аслæнбег æмæ Хосонты Азæмæт. Æвзист майдантæ рамбылдтой Челдыты Давид, Коцойты Тамерлан, Бестауты Сослан. Бронзæ хæрзиуджыты аккаг та систы Дзуццаты Азæмæт, Хæдзарæгаты Азæмæт æмæ Дудайты Сослæнбег.