филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:54 суббота, 27 апреля 2024
23 января 2020, 12:32
Красноярскы крайы райдыдта æппæтадæмон турнир «Иван Ярыгин»

Стыр турниры Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæнынц 29 хъæбысæйхæцæджы

Æппæт дунейы уæгъдибар хъæбысхæсты минæвæрттæ та ногæй æрæмбырд сты Красноярскы крайы. Абон уым райдыдта æппæтадæмон турнир «Иван Ярыгин». Арæзт æрцыдис æртын фыццæгæм хатт. Фæсарæйнаг æмæ уæрæсейаг атлеттæ майдантыл тох кæндзысты 26 январмæ. Стыр турниры Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæнынц 29 хъæбысæйхæцæджы. Се хсæн — Рæмонаты Сослан, Байаты Давид, Уалыты Чермен, Цæболты Хетæг, Найфонты Артур, Хуыбежты Кахабер, Уалыты Радик æмæ æндæр курдиатджын спортсментæ. Ацы азы ерыстæ сын сты уæлдай ахадгæ, уымын æмæ сæрды Токиойы ацæудзысты Олимпаг хъæзтытæ, сæ программæйы ис спортивон хъæбысхæст дæр. Ярыгины турнир уыдзæни æвзарæн къæпхæны хуызы Олимпиадæмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania