Лæппутæ æмæ чызджытæ сæм зæрдиагæй æнхъæлмæ кастысты
Мæздæджы районы 7 скъолайы ма кадджын уавæры байгом сты нымæцон ахуырады центртæ «Точка роста». Лæппутæ æмæ чызджытæ сæм зæрдиагæй æнхъæлмæ кастысты. Уымæ гæсгæ бацæттæ кодтой зæрдæмæдзæугæ концерт. Ахуыргæнæдæтты кадджын мадзæлттæ райдыдтой уыцы-иу рæстæг. Архайдтой дзы бынæттон хицауады уæнгтæ, æхсæнадон архайджытæ, горæты æмæ районы кадджын цæрджытæ. Официалон хайы фæстæ ахуыргæнджытæ сæ ахуырдзаутæн скодтой экскурси, æмæ сын равдыстой, центрты цавæр хуызтæм гæсгæ кусдзысты, уый. Национ проект «Ахуырады» сæйрагдæр хъуыддæгтæм хауы: ахуырады ног методтæ æмæ технологитæ царды уадзын, нырыккон нымæцон бындуртæ аразын, стæй сывæллæттæм ахуырадмæ цымыдисдзинад гуырын кæнын. Центртæ «Точка роста»-йы ахуырдзаутæн дæтдзысты ног зонындзинæдтæ информатикæйы, технологийы æмæ цардархайды æдасдзинады бындурты урокты. Уымæй дарддæр ахуыртæ цæудзысты факультативты дæр.