филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:01 пятница, 26 апреля 2024
02 июня 2020, 17:53
Мæздæджы районы хæдзарад «Дружбæ»-йы сæ тæмæны бацыдысты гагадыргътæ æмбырд кæныны куыстытæ

Хъæуы йæ тагъд сæмбырд кæнын, районы центрмæ аласын æмæ йæ ауæй кæнын

Мæздæджы районы хæдзарад «Дружбæ»-йы сæ тæмæны бацыдысты гагадыргътæ æмбырд кæныны куыстытæ. Хъæуы йæ тагъд сæмбырд кæнын, районы центрмæ аласын æмæ йæ ауæй кæнын. Ацы аз æй Дзæуджыхъæумæ нæ ласынц, хъуыстгонд аххосæгтæм гæсгæ. Фæззæджы та хæдзарады фæзынд фæткъуыбæлæсты дыргъдон. Уæвгæ та дыргъдæтты куыст ам у сæйрагдæр æмæ уарзондæр хъуыддаг.

Боныхъæд базонгæйæ райдайы Сергей Ягубяны алы райсом дæр. Цæхгæр кæй раив-баив кæны, ууыл Мæздæджы районы аграрон кусджытæ мæт кæнынц. Уымæн æмæ сæ хæдзарады райдыдтой ацы сезоны уарзондæр гагадыргъ – галæрыскъæфы тыллæг æмбырд кæнын.

Галæрыскъæф хивæнд зайæгойыл нымад у. Уымæ гæсгæ йæ хъæуы тагъд сæмбырд кæнын, районы центрмæ аласын æмæ йæ ауæй кæнын. Ныртæккæ хæдзарад «Дружбæ»-йæн уый у ахсджиагдæр нысантæй иу. Хи изоляцийы фæтк æххæст кæнгæйæ, аивта се рвылбоны куыст. Мæздæгмæ тыллæджы хай баласынц алы бон дæр. Æдæппæтæй нысан кæнынц 7 тоннæйы сæмбырд кæнын. Дзæуджыхъæумæ та дзы не рбаласдзысты, æмæ йæ хъæуы районы ауæй кæнын.

Ацы гагадыргъы хуыз хæдзарады рагæй зайын кæнынц. Уыимæ хъæрмуæтты нæ, фæлæ гом арвы бын. Пайда кæнынц донхорыггæнæн системæйæ. Уымæй бирæ аразгæ у, зæгъынц фæллойгæнджытæ. Фæззæджы та 30 гектарыл хæдзарады фæзынд фæткъуыбæлæсты дыргъдон. Хæдзарады фæзуаты цæст рæвдауынц бал бæлæстæ дæр. Уæвгæ та дыргъдæтты куыст ам у сæйрагдæр æмæ уарзондæр хъуыддаг

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania