филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:21 суббота, 27 апреля 2024
02 сентября 2020, 14:33
Ног ахуыры азы фæзынди æдасдзинады ног домæнтæ дæр

Сывæллæттæ скъолайыл æмæ се мкъласонтыл сæнкъард сты. Ахуыргæнджытæ дæр цæттæ кæнынц сæ хъомылгæнинæгтимæ фембæлдмæ

Ног ахуыры азы фæзынди æдасдзинады ног домæнтæ дæр. Сывæллæттæ скъолайыл æмæ се мкъласонтыл сæнкъард сты. Ахуыргæнджытæ дæр цæттæ кæнынц сæ хъомылгæнинæгтимæ фембæлдмæ. Фæлæ ныр раздæрау нал у. Хъæуы æнæмæнгæй Фæлхасадмæ цæстдарды управленийы домæнтæ æххæст кæнын. Куыд цæттæ сты ахуыргæнæндæттæ сывæллæтты æрбацыдмæ, уый тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтыхъты Фатимæ.

Кадджын линейкæ уыдзæн. Уыимæ, фæстаг дзæнгæрæг куыд уыди, онлайны хуызы, афтæ нæ. Фæлхасадмæ цæстдарды управленийы домæнтæ бирæ сты. Дистанци, маскæтæ, æрмкъухтæ, æмæ æдасдзинады æндæр мадзæлттæ. 1-æм сентябры агъоммæ се ппæт скъолатæ дæр бæрæггонд æрцыдысты.

Джызæлы дыккæгæм скъолайы 1-æма сентябрьмæ цæттæ сты. Алы къласы дæр æххæстгонд сты санитарон домæнтæ. Скъоладзаутæн бацæттæ кодтой æдасдзинады æппæт мадзæлттæ. Ахуыргæнджытæн алыбон дæр кæнынц инструктаж. Куыд зæгъынц, афтæмæй амæй фæстæмæ бирæ хъуыддæгтыл хъæуы сахуыр уæвын. Скъорладзаутæн алы бон дæр бардзысты сæ тæвд. Скъолатæ кусдзысты сæрмагонд фæткмæ гæсгæ. Ивдз æрцыдысты бирæ адæм кæм æмбырд кæны, ахæм  дзыллон мадзæлттæ.

Ахуырдзауты мидæмæ бирæгæйттæй нæ уаддзысты. Цæудзысты иугай. Скъоламæ ныр уыдзæни цалдæр бацæуæны. Сæйраг æмæ уæлæмхасæнтæ. Сæйраг хæс – цæмæй скъоладзаутæ кæрæдзимæ хæстæг ма цæуой, æмæ хъахъхъæд уой.

Алы къласæн дæр уыдзæни хицæн ахуыры фæтк. Хъуамæ æппæт ахуыртæ дæр цæуой сæхи къласы. Санитарон – эпидемиологон домæнтæ æххæстгонд цæудзысты урокты хсæн фæлладуадзæн рæстæг дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania