филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:24 среда, 08 мая 2024
12 декабря 2019, 13:07
Республикæйы хъæууон хæдзарады министр бабæрæг кодта Æрæфы æмæ Дыгуры районтæ

Хъæуты цæрæг фæллойгæнджытæн цæрæнуæттæ саразынæй фæстæмæ ма йе ргом аздæхта инфраструктурон фарстатæм дæр.

Хъæуты райрæзты программæ царды куыд æххæстгонд цæудзæн, уыцы фарстаимæ нæ республикæйы хъæууон хæдзарады министр бабæрæг кодта Æрæфы æмæ Дыгуры районтæ. Фембæлд, ног программæйы чи архайдзæн, уыцы адæмимæ. Хъæуты цæрæг фæллойгæнджытæн цæрæнуæттæ саразынæй фæстæмæ ма йе ргом аздæхта инфраструктурон фарстатæм дæр. Фæлæ фылдæр ныхас цыд, иннæ аз царды цы ног программæ рацæудзæн, ууыл. Йæ сæххæст кæнынæн 1 миллиард сомы радих кодтой Уæрæсейы æппæт регионтæн, уыдонæй 100 милуаны райсдзæн Цæгат Ирыстон. Сæ фæрцы хъæуты цæрæг æмæ фæллойгæнæг адæмæн сараздзысты ног хæдзæрттæ. Чи хауы ацы программæмæ, æмæ цы фæтк æххæст кæнын хъæуы, уый тыххæй радзурдзæн Моргуаты Ладæ.

Хъæууон хæдзарады министримæ фембæлдмæ æрбацыдысты, паддзахадон æххуыс райсынмæ чи æнхъæлмæ кæсы, уыцы адæм. Царды ногдзинад у – хъæуты чи цæры æмæ фæллой кæны, уыдонæн хæдзар саразын. 5 азы фæстæ цæрæнуат суыдзæн хи исбон. Социалон уагæвæрдмæ гæсгæ хæдзар райсынæн хъæуы цалдæр фæткы сæххæст кæнын. Зæгъæм районы куыстуæттæй иуы хъуамæ афæдзæй фылдæр фæллой кæна.  Проект æххстгонд цæудзæн 5 азы дæргъы, æмæ царды рацæудзæн иннæ аз. Федералон фæрæзтæй хардзгонд цæудзæн 80%, 20 та хъуамæ хæдзары хицау йæхæдæг бахæсса, кæнæ та кæм кусы, уый разамынд. Программæйы нысан у хъæутæй лидзæг адæмы нымæц фæкъаддæр кæнын. Нырмæ уал республикæйы хъæууон хæдзарады министрадмæ курдиæттæ балæвæрдтой 10 адæймаджы. Фæлæ ведомствæйы зæгъынц, информаци куы апарахат уа, уæд сæ нымæц фæфылдæр уыдзæн.

Дæнцæгæн хæссинаг у компани «ДигАгро». Куыстуат у раззагдæртæй иу. Хоры къæбиц  йедзаг у нартхорæй. Фæлæ фадат ис мæнæу, хъæбæрхор æмæ æндæр культурæтæ кусынæн. Ис  сæм 15 нырыккон комбайны, машинæты технологон станцæ. Фæстаг азты сæ инвестицитæ систы 520 милуан сомы. Куыстуаты фæллой кæны 50 адæймаджы, сæ фылдæр сты хистæр кары адæм. Фæсивæд та сты нымадæй цалдæр, æмæ уыдоны разæнгард кæнын хъæуы æмæ компани йæхимæ исы хæс хæдзары  20% хæрдзтæ сæхгæнынæн.

Æрæфы районы зæгъынц хъæуты цæрджытæн уый хорз фæрæз кæй у.

Дыгуры районы цæрджытæм дæр программæ цымыдисдзинад сæвзæрын кодта. Сæ иу у Езеты Аслæнбег. Йæ рæстæджы сарæзта хи куыстуат æмæ ныр кæны хъæууон хæдзарады куыст, йæ зæххыты фæзуат у 150 гектары. Сæ фылдæр ахсы дыргъдон, иннæ та хор. Асланбегæн ис 4 сывæллоны, се ппæт дæр  йемæ фæллой кæнынц.

Æрæфы æмæ Дыгуры районтæй фæстæмæ ма хъæууон хæдзарады министр нысан кæны иннæ районты цæрджытимæ дæр фембæлын. Программæмæ хаст не рцыдысты, цæрджыты нымæц 30 минæй фылдæр кæм сты, уыдон – Мæздæг, Беслæн æмæ Дзæуджыхъæу.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania