филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:14 пятница, 26 апреля 2024
25 сентября 2019, 17:15
Сахатæй къаддæр ма баззади «Алани – Дзæуджыхъæу» æмæ ЦСКА-Мæскуыйы фембæлд

Экспертты хъуыдымæ гæсгæ, хъазт фендзæнис тынг бирæ адæм.

Сахатæй къаддæр ма баззади «Алани – Дзæуджыхъæу» æмæ ЦСКА-Мæскуыйы фембæлд. Экспертты хъуыдымæ гæсгæ, хъазт фендзæнис тынг бирæ адæм. Клубы разамынд æртæ боны размæ фехъусын кодта, билеттæ сеппæтдæр уæйгонд кæй æрцыдысты, уый тыххæй. Пресс-службæ куыд зæгъы, афтæмæй æдæппæтæй ауæй кодтой фынддæс мины æмæ фондз сæдæ билеты. Куыд зонут, афтæмæй Алани ацы сезоны архайы Къорд Югы профессионалон Лигæйы. Дæс туры фæстæ схызтис турниры таблицæйы æртыккаг бынатмæ. Хæуытаты Зитæйæн ныхасы бар.

«Алани» æмæ ЦСКА-йы матчмæ билеттæ æлхæд æрцыдысты, куыд фæзæгъынц цæсты фæныкъуылдмæ. Хъазтæй 3 боны размæ дæр кассæты билеттæ нал уыдис. «Алани»-йыл ныртæккæ дарынц стыр ныфсытæ. Уымæн æмæ амæй размæйы турниры 4 командæйыл фæуæлахиз æнцонæй. Футболуарзджытæн у æцæг бæрæгбон. Иууылдæр цымыдисæй æнхъæлмæ кæсынц уæрæсейаг футболы хуыздæр командæтæй иу ЦСКА-имæ фембæлдмæ. Уазæг командæйы хыгъды ис не мзæххон Дзæгъойты Алан, знон стахтысты изæрæй. Аэропорты сын «æгас цæуай загътой» футболуарзджытæ. Уæвгæ сæ бирæтæ сты дыууæ командæйы фарс дæр. Олег Беляев у дыууæ клубы фанат дæр. Матчмæ æнхъæлмæ кæсы куыд йæ царды ирддæр цаутæй иумæ.

Къласмæ гæсгæ ЦСКА «Алани»-йæ у бæрзонддæр. Фæлæ футболон фæзы фысымтæм æнхъæлмæ кæсы тыхджын фарсхæцæг командæ. Фанаттæ ма цæттæ кæнынц ирд шоу дæр. Скæсæйнаг трибунæ уыдзæни алайнаг хуызты, скодтой йæ 3 мин тырысайæ. Ацы хъуыддаг хъуамæ рауайа символикон. Ома, командæйæн ис скæсæнмæ фæндаг.

«Аланийы футболисттæ» уый аккаг сты, цæмæй фембæлой Уæрæсейы хуыздæр командæтæй иуимæ. Æрыгон, фæлæ уыцы иу рæстæг тыхджын командæйы уæнгтæ зæгъынц, фæзмæ уæлахиз райсынмæ кæй рацæуынц алы хатт, уый. Иу хатт ма уын æй уæ зæрдыл лæууын кæнæм, «Алани» æмæ ЦСКА-йы фембæлдмæ ма баззади сахаты æрдæг. Хъазт ацæудзæн республикон стадион «Спартачы».

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania