23 июля 2019, 12:58
Терчы былгæрон арæзт æрцыд велосипедтыл дугъ
Бакуыста йыл республикæйы Центрон æвзарæн къамис
Ивгъуыд фæлладуадзæн бонты Терчы былгæрон арæзт æрцыд велосипедтыл дугъ. Бакуыста йыл республикæйы Центрон æвзарæн къамис. Акцийы нысан уыд – æнæниз цардыуаг парахат кæнын. Архайдтой дзы политикон партиты минæвæрттæ æмæ горæты цæрджытæ. Велосипедтыл дугъ райдыдта Плиты Иссæйы цыртдзæвæны цурæй. Афтæмæй Центрон æвзарæн къамисы уæнгтæ адæмы зæрдыл æрдлæууын кодтой, тагъд рæстæджы горæты думæмæ депутатты кæй æвзардзысты, уый.