филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:41 пятница, 26 апреля 2024
05 февраля 2020, 18:23
Цæгат Ирыстоны æртæ минæвары конд æрцыдысты Уæрæсейы иугонд командæмæ уæгъдибар хъæбысхæстæй, Европæйы чемпионты архайынмæ

Уыдон сты Тускъаты Азæмæт, Найфонты Артур æмæ Цæкуылаты Батырбег

Цæгат Ирыстоны æртæ минæвары конд æрцыдысты Уæрæсейы иугонд командæмæ уæгъдибар хъæбысхæстæй, Европæйы чемпионты архайынмæ. Уыдон сты Тускъаты Азæмæт, Найфонты Артур æмæ Цæкуылаты Батырбег. Чемпионат цæудзæни 10-æй 16-æм февральмæ. Уæрæсейы иугонд командæйы хыгъды сты, æрæджы «Иван Ярыгин»-ы номыл турниры чи фæуæлахиз, уыдон се ппæт дæр. Стæй, иугонд командæйы капитан Абдулрашид Садулаев, уый æрæджы уæгъдгонд æрцыди Красноярскы турнирæй. Уыцы ерыстæй ма уæгъдгонд æрцыдысты Заур Угуев æмæ Сидахъаты Зауырбег дæр, фæлæ уыдон Риммæ нæ цæуынц. Сæ бæсты, командæйы хыгъды сты дзæуджыхъæуккаг Тускъаты Азæмæт æмæ махачкалайаг Магомедрасул Газимагомедов.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania