филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:11 четверг, 09 мая 2024
01 сентября 2020, 14:07
Цæгат Ирыстоны кæронмæ æрхæццæ æппæтадæмон æфсæддон-техникон форум «Армия 2020»

ДОСААФы аэроклубы 3 боны уазджытæн æвдыстой уæрæсейаг хæцæнгæрзты æмæ техникæйы ног хуызтæ

Цæгат Ирыстоны кæронмæ æрхæццæ æппæтадæмон æфсæддон-техникон форум «Армия 2020». ДОСААФы аэроклубы 3 боны уазджытæн æвдыстой уæрæсейаг хæцæнгæрзты æмæ техникæйы ног хуызтæ. Æфсæддонтæ та равдыстой сæ цæттæдзинад æмæ фæлтæрддзинад. Форум «Армия 2020» фæци стыр концертон программæйæ. Архайдтой дзы Ирыстоны æмæ сыхаг регионты сфæлдыстадон коллективтæ. Концерты фæстæ  форумы архайджытæн кадджын уавæры радтой арфæйы фыстæджытæ, кады грамотæтæ æмæ кубоктæ. 58-æм æфсады командæгæнджытæ куыд загътой, афтæмæй сæйрагдæр у, цæмæй æппæт хæцæнгарзы хуызтæ æмæ техникæйæ пайдагонд цæуа æрмæстдæр сабырдзинады акциты – равдыстыты æмæ ахуырты. Ныхас ма цыд ууыл дæр, æмæ 2021-æм азы форум Армия уыдзæн егъаудæр. Фылдæр æргом здæхт цæудзæн спортивон ерыстæм. Уым архайыны фадат уыдзæн се ппæтæн дæр. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania