филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:12 четверг, 09 мая 2024
17 декабря 2020, 12:28
Цæгат Ирыстоны райдыдта фыццаг регионалон профессионалон дæсныйады конкурс «Ахуыргæнæндоны хуыздæр разамонæг»

Арæзт цæуы дыууæ къæпхæнæй

Цæгат Ирыстоны райдыдта фыццаг регионалон профессионалон дæсныйады конкурс «Ахуыргæнæндоны хуыздæр разамонæг». Арæзт цæуы дыууæ къæпхæнæй. Муниципалонмæ хаст цыд иу хæслæвæрд. 13 архайæгæй дыккаг къæпхæнмæ рацыд, хуыздæр бæрæггæнæнтæ чи равдыста, ахæм аст адæймаджы. Ацы къæпхæн цæудзæн фондз боны дæргъы. Директортæм æнхъæлмæ кæсынц сæ куыстимæ баст хæслæвæрдтæ, уыимæ дзуæппытæ радтын Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министр Людмилæ Башаринæйы фæрстытæн. Конкурсантты архайдæн аргъ кæнынц бæрнон жюрийы уæнгтæ. Ерысты сæйраг нысан у – сбæрæг кæнын куыстхъом директорты, уыимæ фылдæр кæнын дæсныдзинады практикæ. Архайынц дзы куыд фæлтæрдджын разамонджытæ, афтæ æрыгæттæ дæр. Уæлахиздзау хорзæхджынгонд æрцæудзæн республикæйы ахуырады æмæ наукæйы кады гæххæттæй æмæ æхцайы премийæ. Уыимæ уæлахиздзаутæн уыдзæн фадат Мæскуымæ стажировкæмæ ацæуынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania