филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:24 среда, 08 мая 2024
14 ноября 2019, 18:51
Цæгат Кавказы федералон зылды социалон-экономикон рæзты паддзахадон программæмæ 2025-æм азмæ цы инвестицион проекттæ бахастой, уыдоныл æрдзырдтой сæрмагонд æмбырды

Амыдта йæ Тускъаты Таймураз

Цæгат Кавказы федералон зылды социалон-экономикон рæзты паддзахадон программæмæ 2025-æм азмæ цы инвестицион проекттæ бахастой, уыдоныл æрдзырдтой сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ Тускъаты Таймураз. Хицауады сæрдар куыд загъта, афтæмæй ахсджиаг у æппынæдзухдæр цæстдарын, фæрæзтæ куыд хардзгонд цæуынц, стæй сæ Цæгат Ирыстоны инвестицион рæзты Корпорацимæ куыд здахынц, уымæ. Премьер ма се ппæты зæрдыл æрлæууын кодта, алы районы дæр кæй кусынц къамистæ, æмæ кæсынц, инвестицион проекттæн паддазахдон æххуыс куыд цæуы, уымæ. Муниципалитетты хæс у – бынæттон цæрджыты куысты бынæттæй ифтонг кæнын, загъта Тускъаты Таймураз. Инвестицион проектты архайæг цалдæр бинонтæм æфтиæгтæ куы фæзынынц, уæд сæ, æнæмæнг, бафæзмынц се мхъæуккæгтæ, æмæ уый дæр хъæуы хынцын. Æмбырды архайджытæ ма æркастысты ног проекттæм, ома 2020-æм азы паддзахадон æххуыс райсынмæ чи хъавынц, ахæмтæ. Се хсæн – Æрæфы районы чысыл гидроэлектростанцæйы арæзтад, Алагиры – битум æмбырдгæнæн бынат, стæй сæрмагонд техникæйæн лæггадгæнæг комплекс. Хицауад цæттæ у алывæрсыг æххуыс бакæнынмæ, амалхъомдзинады хъæппæристæ æмæ бизнес-пълантæ саразынæн. Инвесторты хæс та у æппæт хъуыдытæ царды рауадзын, бахынцта Тускъаты Таймураз.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania