филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:10 пятница, 26 апреля 2024
03 сентября 2019, 17:10
Цавæр уæз хъуамæ уа скъоладзауы хызынæн, стæй цавæр домæнтæн хъуамæ дзуапп дæтта ахуыргæнæн литературæ

Сæрмагонд амынддзинæдтæ йæ официалон сайты ныммыхуыр кодта Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды Управлени. Ахсджиаг фарстатыл ног ахуыр азыл æрдзурдзысты ныййарджыты æмбырдты.

Цавæр уæз хъуамæ уа скъоладзауы хызынæн, стæй цавæр домæнтæн хъуамæ дзуапп дæтта ахуыргæнæн литературæ. Сæрмагонд амынддзинæдтæ йæ официалон сайты ныммыхуыр кодта Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды Управлени. Ахсджиаг фарстатыл ног ахуыр азыл æрдзурдзысты ныййарджыты æмбырдты. Уымæй дарддæр ма ныхас цæудзæн, скъоладзаутæн чырæ телефон скъоламæ хæссæн уыдзæн, æви нæ, ууыл. Темæйыл дарддæр радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Хъазæнты рæстæг фæцис. Афон у скъоламæ. Хъæцмæзты Вероникæ æмæ Цогойты Мария алцæмæй дæр сты цæттæ. Тетрæдтæ бафыстой, кърандæстæ æмæ ручкæтæ пеналы сæвæрдтой, чингуытæ дæр æфснайд æрцыдысты хызыны. Уæззау у, фæлæ йын йæ уæзыл

Цæмæй сывæллæттыл чингуыты уæз æвзæрырдæм ма зына, уый тыххæй Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды Управлени сарæзта нормативтæ. Уымæ гæсгæ хъуамæ фыццæгæм къласы ахуырдзауы пъартфел дыууæ килограммæй фылдæр ма уа.

Экспертты хъуыдымæ гæсгæ, чингуытæ хуъамæ цæуой дыууæ томтæй. Афтæмæй уæз ис дыууæ хатты фæкъаддæр кæнын. Хызыны уæз дыууæ хатты фæкъаддæр кæныны бон у скъолайы бон дæр. Администрацитæн загътой, цæмæй урокты фæтк аразой афтæ æмæ скъоладзауы бон цыппар чиныгæй фылдæр хæссын куыд нæ хъæуа.

Йæ амынддзинæдтæ ахуырады министрад арвыста скъолатæм. Уырдæм хауынц смартфонтæ дæр. Хъæуынц æви нæ сывæллæтты ахуыры рæстæг, уый хъуамæ онлайн-æрфарсты рæстæг сбæрæг кæной ныййарджытæ сæхæдæг. Ныридæгæн уал уыцы фарстайыл дзурынц, æмæ экспертты хъуыдымæ гæсгæ, бынтон æнæ бастдзинады фæрæзæй сывæллоны ныууадзæн нæй. Фæлæ ис пайда кæнæн хуымæтæг телефонтæй.

Хъæцмæзты Вероникæ скъоламæ æнæ смартфонæй ацæудзæнис. Йæ ныййарджытæ йын балхæдтой сæрмагонд зондджын сахат кæй хонынц, ахæм. Уыдоны фæрцы ныййарджытæ цыфæнды афон дæр сбæрæг кæндзысты, сæ саби цы ран ис, уый.

Смартфонтæ цæмæй скъолатæм хæссын мауал уадзой, уый фарс сты республикæйы æппæт ахуыргæнджытæ дæр. Æртынæм скъолайы гаджæттæй нал пайда кæнынц фондз азы бæрц. Директоры хъуыдымæ гæсгæ, сывæллоны ахуырыл бафтауын стыр хъуыддаг у.

Нырма уал ивддзинæдтæ сты амынддзинæдты хуызты. Уымæй уæлдай нæ хауынц, телефон йæ æнæниздзинадмæ гæсгæ кæмæн æмбæлы, уыцы сывæллæттæм. Зæгъæм, сæкæрнизæй рынчын сывæллæттæ нырыккон смартфоны фæрцы бæрæг кæнынц сæ туджы сæкæры бæрц. Фæлæ уæддæр специалистты хъуыдымæ гæсгæ, телефон хъуамæ уа æнæуынæр режимыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania