филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:20 пятница, 26 апреля 2024
02 марта 2020, 12:30
ЦИПУ-йы ацыдысты профессор Къомайты Риммæйы номыл 2-æм регионалон наукон кæстытæ

Пленарон æмбырды архайдтой университеты разамынд, наукон æхсæнады минæвæрттæ

ЦИПУ-йы ацыдысты профессор Къомайты Риммæйы номыл 2-æм регионалон наукон кæстытæ. Пленарон æмбырды архайдтой университеты разамынд, наукон æхсæнады минæвæрттæ. Секцитæ куыстой дыууæвæрсыгæй. Фыццаг – дзыллон информацион фæрæзтæ куыд æхсæнадон диалог, дыккаг та – куыд дисциплинæты хсæн иртæстыты объект. Докладтимæ дзы раныхас кодтой профилон факультеты ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ. Ацы бонты Къомайты Риммæйы райгуырдыл сæххæст 90 азы. Наукон æхсæнадæн æмæ студенттæн йæ фæллæйттæн хъæздыг бынтæ ис. У 50 наукон куысты æмæ 5 монографийы автор. Къомайты Риммæ бирæ азты разамынд лæвæрдта ирон филологийы æмæ журналистикæйы факультетæн. Йæ царды фæстаг азты уыди ныхасы культурæйы, æвзаджы æмæ дзыллон коммуникациты кафедрæйы сæргълæууæг. Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат. Цæгат Ирыстоны наукæ æмæ техникæйы сгуыхт кусæг. Легендарон разамонæг. Ахуыргонд йæ царды 50 азæй фылдæр снывонд кодта ЦИПУ-æн. Бирæ хорз хъуыддæгтæн университеты бындур æвæрд æрцыди Къомайты Риммæйы хъæппæрисæй. Фæлæ йын уæддæр сæйрагдæр уыди уый, æмæ йын бантысти бирæ профессионалты схъомыл кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania