филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:07 суббота, 27 апреля 2024
17 января 2020, 15:40
Уæгъдибар хъæбысхæсты минæвæрттæ дунейы алы бæстæтæй ногæй æрæмбырд уыдзысты Красноярскы крайы

Абон официалон æгъдауæй фехъусын кæндзысты Цæгат Ирыстоны иугонд командæйы бæлвырд уæнгты мыггæгтæ.

Уæгъдибар хъæбысхæсты минæвæрттæ дунейы алы бæстæтæй ногæй æрæмбырд уыдзысты Красноярскы крайы. Кадджын æппæтадæмон турнир цæудзæн 31-æм хатт. 23-æгæмæй – 26-æм январы онг Иван Ярыгины номыл спорты Галуаны майдантæ рамбулыныл архайдзысты Уæрæсейæ æмæ фæсарæйнаг бæстæтæй минæвæрттæ. Се хсæн уыдзысты не мзæххон номдзыд спортсментæ дæр. Экспертты хъуыдымæ гæсгæ, нæ богæлттæ ныртæккæ сты иттæг хорз цæттæ. Цæгат Ирыстоны иугонд командæйы сæйраг тренер уæгъдибар хъæбысхæстæй Гозымты Хетæг куыд радзырдта, афтæмæй сæ зæрдæ дарынц уæлахизыл, уымæн æмæ нæ лæппутæ, ерыстæм цæттæ кæнгæйæ, сæхиуыл хорз бакуыстой. Ацы бонты интернеты кæй апарахат кодтой, уыцы хъæбысæйхæцджыты хыгъд раст нæ разынд, зæгъы Гозымты Хетæг. Абон официалон æгъдауæй фехъусын кæндзысты Цæгат Ирыстоны иугонд командæйы бæлвырд уæнгты мыггæгтæ. Æмæ уыдон хъахъхъæндзысты нæ республикæйы кад Иван Ярыгины номыл 31-æм турниры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania