филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:20 суббота, 27 апреля 2024
20 августа 2020, 12:49
Уæрæсейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй арæзт æрцæудзæн Дзæуджыхъæуы, фæлæ, чи зоны, æмæ æнæ спортуарзджытæй

Уый тыххæй фехъусын кодта физкультурæйы æмæ спорты министр Хуыгаты Алан

Уæрæсейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй арæзт æрцæудзæн Дзæуджыхъæуы, фæлæ, чи зоны, æмæ æнæ спортуарзджытæй. Уый тыххæй фехъусын кодта физкультурæйы æмæ спорты министр Хуыгаты Алан. Проект «Хицауадимæ æргом ныхас» æххæст кæнгæйæ ма радзырдта, турнир  нысан кæнынц 9-æмæй – 11-æм октябры онг. Уыимæ пандемияйы рæстæг, бирæ дзыллæ æмбырд кæнын тæссаг у. Кæронбæттæн уынаффæ рахæсдзысты спортивон Уæрæсейы хъæбысхæсты Федераци æмæ спорты министрад. Ныртæккæ æнхъæлмæ кæсынц  ацы организациты бæлвырд амынддзинæдтæм. Министр ма радзырдта, спорт парахат кæнынæн нæ республикæйы цавæр куыст цæуы, уый тыххæй. Хæстæгдæр рæстæг арæзт æрцæудзысты 14 бирæвæрсыг фæзы, стæй республикæйы фæллоймæ æмæ хъахъхъæнынадмæ цæттæдзинады нормæтæ дæттынæн дыууæ фæзы. Уымæй дарддæр æрæджы бакуыстой программæйыл. Уый æххæст кæнгæйæ фадат уыдзæн спортивон мадзæлтты хистæр кары адæмæн архайынæн. Йæ фæрцы спортивон фæзтæ байгом кæндзысты æхсæнадон территориты дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania