филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:50 суббота, 11 мая 2024
11 августа 2020, 12:08
Зæхх нæ дарæг

Сæрды бонтæ кæмæндæр фæлладуадзæн рæстæгимæ баст сты, кæмæндæр та фæллойы бæркадимæ

Сæрды бонтæ кæмæндæр фæлладуадзæн рæстæгимæ баст сты, кæмæндæр та фæллойы бæркадимæ. Нæ дарддæры æрмæг не сфæлдыстадон къорд систа Ольгинскæйы. Ам æрæджы æрцарди Хъæстуаты Игорь. Нæ республикæйы хъæууон хæдзарады кадджын кусæджы рагæй фæндыд хи цæхæрадоны куыст кæнын, æмæ дзæгъæлы нæ. Фарон дзы æрзайын кодта, йæ бæрзæнд 5 метрмæ кæмæн хæццæ кодта, ахæм нартхор. Хъуамæ йæ балæвæрдтаид Уæрæсейы рекордты чиныгмæ, фæлæ йæ размæ сæвæрдта хæс, цæмæй фидæны аз ноджы бæрзонддæр нартхор æрзайын кæна, æмæ уал ын æнтысы.

Хъæстуаты Игорь 25 азы бакуыста хъæууон хæдзарады министрады холлæгтæ цæттæгæнæн хæйады, фæлæ ныр стур æмæ лыстæг фосы бæсты, раздæры зоотехник, йæхи фæлвары халсартæ æмæ дыргътæ æрзайын кæныны хъуыддаджы.

Нартхор та у хицæн ныхасы аккаг. Фарон йæ бæрзæнд уыд  5 метрмæ хæстæг.  Фæлæ диссаг дæр уый нæу, цас йæ бæркад – иу хъæдыл   7 сæры. Игоры хъуыдымæ гæсгæ, уый йæ цæхæрадоны хорз мæр кæй акалдта, уый фæрцы.

Ныр Игорь йæ размæ сæвæрдта ноджы стырдæр нысантæ.

Нартхор æмæ джитръиты фарсмæ хуры тынтæм йæхи ивазы мæнæргъы дæр, уый у Игоры цоты цот кæмæ фæтырнынц уыцы къудзитæй иу.

Кæд йæ зæххы фæзуат чысыл у, уæддæр дзы афæдзы дæргъы бинонтæ фæдарæн ис. Ныронг бафснайдта нуры æмæ хъæдындз. Хуымæтæг халсартæ æмæ дыргътæй фæстæмæ ма йæм ис гагадыргътæ – харбыз, неси æмæ æнхъæл кæмæн нæ уыд Ирыстоны æрзайынмæ уый – инжир. Ацы аз дзы райсдзæн йæ фыццаг тыллæг. 

Хъæстуаты Игоры тырныдзинад чи æмбары, уыдон дæр æй сфæнд кодтой бафæзмын. Уый та сын рæдауæй ратты цы мыггæгтæ йæм ис, уыдонæй.  Куыд фæзæгъынц зæхх нæ дарæг, æмæ йæм цас фылдæр дæ фыдæбон хæссай, уыйбæрц рæдаудæр уыдзæн уый дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania