14 октября 2019, 17:05
Цæгат Ирыстоны минæварады Мæскуыйы кад кодтой адæмон кафты ансамбльты разамонджытæн
Æххæстбарджын минæвар Дзанайты Барис арфæйы фыстæджытæ радта, бирæ азты Мæскуыйы чи кусы, уыцы культурæйы архайджытæн, сфæлдыстадон коллективты разамонджытæн.
Цæгат Ирыстоны минæварады Мæскуыйы кад кодтой адæмон кафты ансамбльты разамонджытæн.
Æххæстбарджын минæвар Дзанайты Барис арфæйы фыстæджытæ радта, бирæ азты Мæскуыйы чи кусы, уыцы культурæйы архайджытæн, сфæлдыстадон коллективты разамонджытæн. Афтæ хорзæхгонд æрцыдысты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист, адæмон кафты ансамбль «Æрхон»-ы разамонæг Цопанаты Алан, ансамбль «Аллон»-ы разамонæг Багаты Алан, Кавказаг кафты студи «Нæртон»-ы сæргълæууæг Садыхъоты Ларисæ æмæ иннæтæ. Уымæй дарддæр ма лæвæрд æрцыдысты Цæгат Ирыстоны культурæйы министрады кады грамотæтæ.




