филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:27 среда, 17 декабря 2025
15 октября 2019, 12:05
Хетæгкаты Къостайы 160 азы бонмæ киноныв «Фатимæ» ирон æвзагыл

Киноныв фенынмæ Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театрмæ æрбацыд бирæ адæм.

Хетæгкаты Къостайы 160 азы бонмæ – ирон адæмæн æхсызгон лæвар. Рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы премьерæ. Æмæ хуымæтæджы нæ. Поэты æнæмæлгæ поэмæ «Фатимæ»-мæ гæсгæ ист кинонывы хъайтартæ сдзырдтой иронау. Киноныв фенынмæ Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театрмæ æрбацыд бирæ адæм. 60 азы размæ цы аивадон кинолентæ систой, уый йæ арф мидисæй алкæйы зæрдæмæ дæр ссардта фæндаг. Ныр та йын, зæгъæн ис, æмæ райдыдта дыккаг цард. Куыд куыста сфæлдыстадон къорд киноныв ирон æвзагмæ ратæлмац кæныныл, æмæ йын цавæр аргъ скодтой аивадуарзджытæ, уый тыххæй радзурдзæн Моргуаты Ладæ.
Ацы премьерæмæ Ирыстоны рагæй æнхъæлмæ кастысты, уымæ гæсгæ йæ фенынмæ ирон театрмæ æрбацыд бирæ адæм, куыд фæзæгъынц залы фæткъуы кæм æрхаудаит, уый дæр нæ уыд.
Киноныв «Фатимæ»-йы сæйраг хъайтартæ сдзырдтой Уаниты Валерий æмæ Берозты Алинæйы хъæлæстæй. Режиссер Сæлбиты Акимы бафæндыд бæрнон хъуыддагмæ æрыгон артистты æрбахонын.
Фатимæ, Дзамболат, Ибрагим æмæ æндæр хъайтарты хъæлæстæй дзурыны ныфс кæмæ разынд, уыдон зæгъынц – иуæй сæрыстыр кæй сты, ахæм кады аккаг кæй систы, иннæмæй та тынг мæт кодтой.
Премьерæмæ æрбацыд бирæ зынгдгонд адæм. Иуæй-иутæ дзы се вæрæн бахастой, цæмæй ацы киноныв ногæй уа ирон æвзагыл дæр.
Эксперттæ зæгъынц, дыууæ дуджы минæвæрттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, дзурынц иу æвзагыл, фæлæ мыртæ æмæ ныхасыхъæд аивта, уый та къуылымпы кодта сæ куыст. Куыд сын рауад, уымæн та хъуамæ аргъгæнæг уа кинодзау.
60 азы размæ ист киноныв абон дæр цымыдисдзинад æвзæрын кæны йæ æцæг æнкъарæнтæй æмæ сыгъдæгдзинадæй. Уыцы хъуыды йæ тæлмацы хаста Хетæгкаты Къостайы премийы лауреат, республикæйы адæмон поэт Кокайты Тотрадз. Кæддæр Хетæгкаты Къоста цы уарзондзинады поэмæ ныффыста, уый бындурыл ист киноныв ссардта ног цард æмæ та бацагайдта адæмы зæрдæты.
Моргуаты Ладæ

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania