18 марта 2020, 12:20
Республикæйы скъолаты абон æмгъуыдæй раздæр райдыдтой уалдзыгон каникултæ
Ахæм амынддзинад радта ахуырад æмæ наукæйы министрад, эпидемиологон уавæр нымайгæйæ
Республикæйы скъолаты абон æмгъуыдæй раздæр райдыдтой уалдзыгон каникултæ. Ахæм амынддзинад радта ахуырад æмæ наукæйы министрад, эпидемиологон уавæр нымайгæйæ. Афтæмæй скъоладзауты фæлладуадзæн рæстæг ахæсдзæн 28 мартъимæ. Уый баст у, æхснырсæг æмæ ОРВИ апарахат кæнын ма бауадзынимæ. Ведомство уымæй уæлдай, сиды скъолайы агъоммæйы куыстуæттæм, цæмæй фæкарздæр кæной санитарон эпидемиологон цæстдарды мадзæлттæ. Эпидемиологон къæпхæн ссæдз процентæй куы фæфылдæр уа, уæд ахуыргæнæндон хъæуы сæхгæнын карантины.
темæмæ гæсгæ




