Томайты Хъазыбег куыд зæгъы, афтæмæй дзул фæзынаргъдæр уыдзæн æрмæстдæр иу хатт
Республикæйы экономикон рæзты министр Томайты Хъазыбег йæ хъуыдытæ загъта, дзулы аргъ кæй фæзынаргъдæр, уый тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæйы хицауад цалдæр азы кусы дзулфыцæн куыстуæттимæ. Уый фæрцы, 5 азмæ хæстæг дзулы аргъ 2 туманæй уæлдæр нæ хызти. Фæлæ, хомаг кæй фæзынаргъдæр, бæлвырддæр та хор, уый дзулфыцæн куыстуæтты разамонджыты размæ æрæвæрдта дыууæ гæнæны, кæнæ дзулы аргъ фæфылдæр кæнын, кæнæ та хæрдзы ацæуын. Томайты Хъазыбег куыд зæгъы, афтæмæй дзул фæзынаргъдæр уыдзæн æрмæстдæр иу хатт. Ныртæккæ анитимонополон службæ йæ цæст дары республикæйы базарадмæ.
Министры ныхæстæм гæсгæ, фидæны дзулы аргъ хъуамæ мауал фæзынаргъдæр уа. Министрад уавæрæн кæндзæн мониторинг. Кусдзæн дзулфыцæн куыстуæтты разамонджытимæ, цæмæй инфляцийы рæстæг дзулы аргъ цæхгæр ма ива, фæлæ сабыргай. Уымæй уæлдай, Томайты Хъазыбег куыд загъта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны бакусдзысты сæрмагонд мадзæлттыл, дзул æмæ адджын гуылтæн сæхи аргъ фæкъаддæр кæныны тыххæй, стæй республикæйы уыдзæни хоры резерв, цæмæй мæнæу фаг куы нæ уа, уæд республикæ дзулы продукцийæ æххæст уа.