филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:06 пятница, 22 ноября 2024
25 июня 2021, 11:43
Гуманитарон наукæты нырыккон фарстатыл ныхас цыди Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты

Конференцийы архайдтой уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг ахуыргæндтæ

Гуманитарон наукæты нырыккон фарстатыл ныхас цыди Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты. Конференцийы архайдтой уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг ахуыргæндтæ. Арæзт цæуы ныр 15-æм хатт. Гуманитарон скъолайы ацæудзысты лекцитæ, дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, семинартæ,  фембæлдтытæ æмæ секцион хæслæвæрдтæ. Спикертæ – гуманитарийы раззагдæр ахуыргæндтæ. Конференцийы архайджыты хсæн – æцæгæйдæр наукæйыл иузæрдион чи у, ахæм адæм. Историйы, этнологийы, культурологийы æмæ æвзагзонынады къабæзты æрыгон ахуыргæндтæ. Фылдæр се ргом аздахдзысты гранттæ исыны фарстамæ. Сæйраг хъуыддаг у,  ахуыргæндты курдиæттæ раст æрвитын, цæмæй конкурсты архайой æмæ сæ куыст фидæны ахадгæ уа, уый тыххæй. Ацы темæимæ баст уыдысты  хицæн дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Конференцийы архайджытæн фадат уыдзæни наукон журналтæ «Известия СОИГСИ. Школа молодых ученых» æмæ «Кавказ-форум»-ы  мыхуыр кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania