10 бюджетон бынатмæ – 17 адæймаджы
Æмдзæвгæтæ æмæ прозæ азæлыдысты Ирон академион театры сценæйы. Афтæмæй æххæстгонд цыди Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты аивæдты факультеты актерты хайадмæ конкурсы къæпхæн. 10 бюджетон бынатмæ – 17 адæймаджы. Æвзарæн къæпхæн чи ацæуа, уый хаст æрцæудзæн сæрмагонд курсмæ. Уый та хицæнæй цæттæ кæндзысты Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театрæн. Куыд ацыд æвзарæн къæпхæн, уый тыххæй радзурдзæн Касаты Наирæ.
Ирд æмæ цымыдисаг сфæлдыстадон райдайæн, исты хорз хъуыддагыл хæст уæвын æмæ йæм зæрдиагæй тырнын. Æппæт ацы хъуыддæгтæй хайджын куы уай, уæд уый у актеры дæсныйады æнтыстджын нысан. Цалынмæ иутæ сæ курдиат сценæйы фæлварынц, уæдмæ иннæтæ та разæнгардæй æнхъæлмæ кæсынц сæ радмæ. Уыцы рæстæг æнæрлæугæйæ фæлхат ахуыр æмдзæвгæтæ æмæ сæ раныхæстæ.
Уыимæ кæдфæндыдæр цæттæ уæвын хъæуы импровизацимæ. Дæ куыст зæрдæйæ куы уарзай, уæд уайгæ дæр кæндзæни, куыд гæнæн нæй, афтæ хорз.
Фæсивæды арæхстдзинадæн аргъ кæнынц актеры аивады фæлтæрдджын дæснытæ. Се хсæн ирон театры аивадон разамонæг Уалыты Гиви, республикæйы адæмон артист Æлбегаты Алан, аивæдты факультеты декан Галазты Эдуард æмæ ректоры уынаффæгæнæг Кокайты Алан. Аивæдты факультеты бындурыл ацы аз цы курс æрæмбырд кодтой, уыдон ахуыр кæндзысты лæвар. 10 адæймаджы дзы цæттæ сæ кæнынц сæрмагондæй ирон театрæн.
Ацы курсы ахуыр кæныны сæйрагдæр у ирон æвзаг зонын. Экспертты хъуыдымæ гæсгæ та актеры дæсныйады ахсджиагдæр у курдиат æмæ арæхстдзинад. Адæймагæн цыбыр рæстæгмæ хъуамæ йæ бон сфæлхат кæнын уа цалдæр хуызы. Æвзаг сахуыр кæнæн та ис 4 азмæ дæр.
Ацы курс каст фæуыны фæстæ фæсивæд хъуамæ кусынмæ бацæуой Ирон театрмæ. Ныр та уал æвзарынц сæ тыхтæ æмæ зонындзинæдтæ. Фæлварæнты архайджытæ кастысты æмдзæвгæтæ, прозæ æмæ таурæгътæ, уый фæстæ та – конкурсы дыккаг къæпхæн. Къамисы тæрхонмæ фæсивæд хæссынц пластикон этюд æмæ кафт.




