Йæ архайджыты географи, традицимæ гæсгæ, уыд парахат
«Гуманитарон наукæйы нырыккон фарстатæ». Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты арæзт æрцыд æрыгон ахуыргæндты 16-æм æппæтадæмон скъола-конференци. Йæ архайджыты географи, традицимæ гæсгæ, уыд парахат. Конференцимæ ссыдысты студенттæ æмæ наукон кусджытæ Мæскуыйæ, Кæсæг-Балхъарæй, Цæцæны республикæйæ æмæ Хуссар Ирыстонæй. Видеоконференцийы хуызы ма дзы бацархайдтой специалисттæ Иранæй. Ахсджиаг у уый, æмæ фæстаг азты ацы мадзал арæзт фæцæуы, ирон адæмы национ-культурон рæзты паддзахадон программæйы æххуысæй. Конференцийы программæйы студенттæн фæкæсынц лекцитæ, зындгонд ахуыргæндты дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Студенттæ сæхæдæг дæр экспертты размæ рахæссынц сæхи бæстон докладтæ. Хатдзæгтæм гæсгæ наукон фæллæйттæ ныммыхуыр кæнынц сæрмагонд рауагъды. Конференци саразджыты ныхæстæм гæсгæ наукон скъолайæн бындур сæвæрдтой 2006-æ азы. Сæйраг нысан уыд – наукон кадртæ цæттæ кæнын. Традицимæ гæсгæ, конференцийы фæархайынц историон æмæ филологон, стæй социалон антропологийы факультетты ахуырдзаутæ.