Бацархайдтой дзы 100 адæймагæй фылдæр, республикæйы алы ахуыргæнæндæттæй
Рагагъоммæ цæттæгæнæн центры арæзт æрцыд «Дæсныйæдты марафон». Бацархайдтой дзы 100 адæймагæй фылдæр, республикæйы алы ахуыргæнæндæттæй. Ахæм марафон сын æххуыс кæны, кусæг дæсныйæдтæ равзарынæн. Арæзтадон техникумы залты студенттæн æмæ скъоладзаутæн скодтой дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Бæстондæр хабæрттæ радзурдзæн Касаты Наирæ.
Ацы залы фæсивæдæн амонынц агуыридурæй амайыны æмæ хус къулсæрсты куысты бындуртæ. Ам исынц практикон ахуыртæ дæр. Скъоладзаутæ æмæ студенттæ сæхæдæг саразынц конструкцитæ, сбарынц сæ, сæвæрынц дзы бырутæ, стæй сæ байсæрдынц æмæ сæ сахорынц. Фæсивæды хъуыдымæ гæсгæ, алывæрсыгæй хиуыл кусын у ахадгæ, пайда æмæ ахсджиаг. Дæсныйæдты марафон «Фидæн ис мах къухты» се ппæтæн дæр дæтты, стыр гæнæнтæ.
Дзæуджыхъæуы бирæвæрсыг техникумы ахуыргæнджытæ дæр се вæрæн бахастой дæсныйæдты марафонмæ. Скъоладзаутæн равдыстой интерьеры декоративон аивгæнæнтæ куыд æмæ цæмæй арæзт цæуынц, уый. Сахорын, трафарет скæнын, къултæ саив кæнын æмæ бирæ æндæр хъæугæ хъуыддæгтæ.
Ам спайда кæнæн ис сæрмагонд кусæнгæрзтæй дæр. Иу ныхасæй дзы рæзгæ фæлтæрæн ис алы гæнæнтæ, сæ бон дзы у суанг квадрокоптерæыл кусын сахуыр кæнын дæр. Скъоладзаутæ дзы базонгæ вæййынц тæхгæ аппараттыл кусыны хицæндзинæдтыл дæр. Сæхæдæг дзы сæмбырд кæнынц дронтæ дæр. Ацы аудиторийы архайынц квадракоптертыл кусыны бындуртæ базоныныл. Дæсныйæдты марафоны архайдта 150 адæймаджы. Се хсæн Дзæуджыхъæуы 8-æм, 22-æм, 27-æм æмæ 39-æм скъолаты , стæй Беслæны 3-æм скъолайы ахуырдзаутæ.




