30 мая 2024, 12:16
Афæдзы кæронмæ ма 13 «Точка роста»-йы фæзындзæн республикæйы хъæуккаг скъолаты
Ацы хъуыддаг сырæзыд национ проект «Ахуырад»-ы фæрцы
Афæдзы кæронмæ ма 13 «Точка роста»-йы фæзындзæн республикæйы хъæуккаг скъолаты. Ацы хъуыддаг сырæзыд национ проект «Ахуырад»-ы фæрцы. Абон Цæгат Ирыстоны кусы 125 ахæм уæлæмхасæн ахуырады центры, йæ телеграмм-каналы загъта Сергей Меняйло. Сывæллæтты дзы архайынц робототехникæйæ, ныв кæнынц мультфильмтæ, ахуыр кæнынц квадракоптертæ уадзыныл, бындуронæй ахуыр кæнынц скъолайы предметтæ. Стыр æргом дзы здахынц инженерон-техникон программæтæм. Æмæ сæм ныридæгæн ис æнтыстдзинæдтæ дæр. Иумæйаг паддзахадон фæлварæн физикæйæ чи дæтты, ахæм рауагъдонты нымæц ацы аз фæфылдæр, хорзырдæм ивддзинæдтæ ис информатикæ æмæ химийы дæр.
темæмæ гæсгæ




