филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:14 вторник, 16 декабря 2025
05 сентября 2024, 11:33
Хъызлары кадджын уавæры байгом ног скъола

Ног ахуыры аз скъоладзаутæн традицимæ гæсгæ райдыдта бæрæгбоны линейкæйæ

Хъызлары кадджын уавæры байгом ног скъола. Ног ахуыры аз скъоладзаутæн традицимæ гæсгæ райдыдта бæрæгбоны линейкæйæ. Сывæллæттæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты Цæгат Ирыстоны Хицауады сæрдар Дзанайты Барис æмæ ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. Кадджын мадзалы фæстæ федтой ног скъола. Аргъ скодтой куыстыты хæрзхъæддзинадæн æмæ ахуырдзаутæн уавæртæн. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Скъолайы дзæнгæрæг ахуырдзаутæн ам зæлы фыццаг хатт. Нысан кæны ахуыры азы райдиан. Урс бантиктæ, шартæ, лентæтæ æмæ хъæлдзæг цæсгæмттæ. Хъызлары æцæг стыр бæрæгбон – байгом ног нырыккон скъола.

Кадджын линейкæ, кæфтытæ, зарджытæ. Алцыдæр – хуыздæр традицитæм гæсгæ. Сывæллæттæ тагъд кæнынц ног скъолайы ахуыр кæнын райдайынмæ. Скъоладзаутæн æмæ ахуыргæнджытæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты Цæгат Ирыстоны Хицауады сæрдар Дзанайты Барис æмæ ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. Премьер скъоладзаутнæ загъты ныфсы ныхæстæ.

Физикæйы æмæ химийы ифтонг кабинеттæ, уæрæх спортивон зал, 3 «Точка роста»-йы æмæ ма суанг медицинон кабинеттæ дæр. Скъолайы æххæстгонд цæуы профилон ахуырад медицинон, химикон-биологон, педагогон æмæ арæнхъахъхъæнæн къабæзтæм гæсгæ. Ацы аз ногдзинад сси æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кълас кæй байгом кодтой, уый. Хицауады сæрдар æмæ ахуырады министр федтой ног скъола. Аргъ скодтой куыстыты хæрзхъæддзинадæн æмæ ахуырдзаутæн уавæртæн. Скъолайы сæрмагонд æргом здæхт цæуы медицинон профилы райрæзтмæ.

Уроктæм ардæм цæуынц уæлдай цымыдисимæ. Темæтæ æрмæст параграфтæм гæсгæ нæ ахуыр кæнынц, ныхас кæнынц къабазы специалисттимæ, архайынц цымыдисаг фæлварæнты. Профилон кълæстæ æнгом æмгуыстад кæнынц алыхуызон кусæнуаттимæ. Дохтыр-анестезиолог Санкт-Петербурджы медицинон университетæй аразы онлайн-лекцитæ сывæллæттæн. Скъоладзаутæ ма вæййынц экскурситы амбулаториты æмæ поликлиникæты.

Ахуыргæнæндон арæзт æрцыд паддзахадон программæ «Ахуырады райрæзты» нацпроект «Ахуырад»-мæ гæсгæ. Ацы хъуыддагæн радих кодтой 300 милуан сомы.

Скъолайы ахуыр кæндзæн 650 сывæллоны. Се *ппæт дæр – иу радæй. Ныртæккæ Хъызлары цæуы иннæ 2 скъолайы цалцæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania