Хæххон аграрон университеты бындурыл ахуыртæ ацыдысты 30 адæймаджы
Ацы аз Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт æххæстгонд æрцыди проект «Фермеры скъола». Хæххон аграрон университеты бындурыл ахуыртæ ацыдысты 30 адæймаджы. Се хсæн Хæтæлдойнаг Хъайтмазты Таймураз. Сæ проекттæ бахъахъхъæныны фæстæ, скъолайы рауагъдонтæн фадат фæци 300 мин сомæн грант рамбулынæн. Уый тыххæй та хъуамæ бацæттæ кодтаиккой бизнес-пълан. Хуыздæрыл нымад æрцыди Таймуразы куыст. Цы фæрæзтæ райста, уыдон фæнд кæны йæхи фермерон хæдзарады рæзтыл бахардз кæнын. Ацы проект Уæрæсейы æххæстгонд цæуы 4 азы. Нæ республикæйы та йыл бакуыстой хъæууон хæдзарады министрад æмæ хæххон аграрон университет. Йæ бындурыл Хъайтмазты Таймураз райста хъæугæ зонындзинæдтæ, хъæууон хæдзарады бизнес-проект царды рауадзынæн. Ныридæгæн балхæдта францусаг мыггакг стурвос. Стыр фидæны райдианæн уал бындур æвæрд æрцыди.